21 Йӕ азымы тыххӕй нӕлгоймаг Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕрбакӕнӕд фыс — Дунедарӕгӕн фиддоны нывондӕн.
Сауджын-иу ӕрхӕссӕд фиддоны нывонд ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы лӕгӕн йӕ тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни барст.
«Исчи ӕнӕбары, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд чындӕуыд, уыдонӕй истӕй ныхмӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йӕ ӕрхӕссӕд фиддоны нывондӕн. Аргъгонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.
Кӕд йӕ къух нӕ амона нывондӕн фыс ӕрхӕссын, уӕд та йӕ тӕригъӕды тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбахӕссӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: