Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 19:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Макӕй ӕфхӕр ӕмӕ макӕй стигъ. Де ’ххуырстӕн йӕ мызд райсоммӕ дӕхимӕ ма уром.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 19:13
29 Iomraidhean Croise  

Йӕ хӕлӕртты кӕйдӕр амӕттаг чи бакӕна — йӕ хъӕбултӕн сӕ цӕстыты рухс ахуысдзӕн.


кӕд ын йӕ тыллӕгӕй лӕвар пайда кодтон, ӕмӕ мӕ зӕхкусджытӕ сӕ хъуырмӕ систы,


Цагъарау тыхсы ӕмӕ бӕллы аууонмӕ, ӕххуырст кусӕгау йӕ цӕстытӕ ныуурс вӕййынц йӕ куысты мыздмӕ.


Фосы сырд куы ныттона, уӕд ын, йӕ цӕст ӕм чи дардта, уый йӕ мард йӕ хицауӕн равдисӕд: тынд фос ын фиддон ма уӕд.


Фосы хицау йӕ разы уыди, зӕгъгӕ, уӕд та фидын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ фосы кӕд ӕхцайыл райста, уӕд уыцы ӕхца фыст ӕрцӕуӕд фосы хицауӕн.


Ӕрцӕуӕггаджы ма хъыгдар, ма ’фхӕр, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр Мысыры зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут.


Иу лӕг иннӕмӕ ӕвзист кӕнӕ исты дзауматӕ ӕвӕрынмӕ куы ратта, уымӕн сӕ йӕ хӕдзарӕй куы адавдӕуа ӕмӕ давӕджы куы ссарой, уӕд сӕ давӕг дывӕрӕй бафидӕд.


Сайаг барӕнтӕ, сайаг уӕзбарӕнтӕ — сӕ иу дӕр ӕмӕ сӕ иннӕ дӕр ӕлгъаг у Дунедарӕджы раз.


Мӕгуыр лӕджы, мӕгуыр кӕй у, уый тыххӕй ма бастигъ, кулдуары раз ма бафхӕр гӕвзыччы,


Дӕ хионӕн афтӕ ма дзур: «Ацу, райсом ногӕй ӕрбацӕудзынӕ, ӕмӕ дын уӕд ратдзынӕн», — цы йын раттай, уый дӕм куы уа, уӕд.


Додойаг у, галиу миты фӕрцы йӕхицӕн хӕдзар чи аразы ӕмӕ йӕ галуантӕ фыдракӕндты руаджы чи самадта, йӕ хионы лӕвар чи кусын кӕны ӕмӕ йын йӕ мызд чи нӕ фиды!


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Раст хъуыддӕгтӕ кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе ’фхӕрӕджы къухӕй фервӕзын кӕнут. Ма хъыгдарут ӕмӕ ма ’фхӕрут ӕндӕрбӕстаджы, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы, ӕнаххосты туг ма калут ацы ран.


чи никӕй ӕфхӕры, йӕ хӕсджынӕн йӕ цъынды фӕстӕмӕ чи ратты, чи никӕй стигъы, йӕ къӕбӕрӕй ӕххормагӕн чи бахай кӕны ӕмӕ бӕгънӕгыл дарӕс чи скӕны,


Дӕ гӕртамхорты аххосӕй адӕмы туг ныккӕлы. Ӕфстау дӕттыс пайда райсыны охыл, тыхӕй байсыс дӕ хионы исбон, Мӕн та ферох кодтай, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Адӕм дӕр ӕфхӕрынц кӕрӕдзи, стигъынц ӕмӕ тухӕнӕй марынц мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы, ӕнӕхъуаджы ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы.


Де ’фсымӕрӕн, израилагӕн, зӕхх куы уӕй кӕнай кӕнӕ дзы куы ӕлхӕнай, уӕд-иу кӕрӕдзийы ма сайут.


Уӕ кӕрӕдзи-иу ма сайут, фӕлӕ тӕрсут уӕ Хуыцауӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


искӕй сӕфт дзаума чи ссара ӕмӕ йыл чи нӕ басӕтта — адӕм тӕригъӕды цӕй тыххӕй бацӕуынц, уыцы хъуыддӕгтӕй исты чи сараза ӕмӕ ма ноджы, нӕ уыдтӕн, зӕгъгӕ, мӕнг сомы чи ракӕна, —


Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Куы баизӕр ис, уӕд сӕндоны хицау загъта йӕ фӕткдарӕн: „Кусджытӕм фӕдзур ӕмӕ сын сӕ мызд ратт; фӕстӕдӕр чи ӕрбацыд, уыдонӕн раздӕр бафид, раздӕр чи ӕрбацыд, уыдонӕн та — фӕстӕдӕр“.


Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын зоныс: „Ма амар“, „Ма хӕт“, „Ма дав“, „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу“, „Ма сай“, „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“».


Уый сын дзуапп радта: «Цы уын ӕмбӕлы, уымӕй уӕлдай адӕмӕй мацы домут».


Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй сымахӕй уыцы хъуыддаджы йе ’фсымӕры тӕригъӕды мачи бацӕуа ӕмӕ йӕ ма асайа йӕхи пайдайӕн. Уымӕн ӕмӕ уын мах раздӕр куыд дзырдтам ӕмӕ уӕ рагацау куыд фӕдзӕхстам, афтӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй адӕймаг ӕфхӕрд баййафдзӕн.


Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых ма бӕтт» ӕмӕ: «Алы кусӕг дӕр мызды аккаг у».


Уӕ хуымтӕ уын чи ныккарста, уыцы кусджыты мызд уӕхи бакодтат, ӕмӕ уыдон ӕрдиаг кӕнынц хъӕлӕсыдзагӕй. Уыцы хуымгӕрдджыты хъаст сыхъуысти Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan