12 Мӕ номӕй мӕнг сомытӕ ма кӕнут, науӕд уӕ Хуыцауы ном фегад кӕндзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл чи цӕуы, уыдон мастӕй цух ма уӕнт. Ӕз семӕ туджы нывӕндтӕ нӕ хӕсдзынӕн, ме ’взагыл сӕ хуыцӕутты нӕмттӕ нӕ уыдзысты.
Ӕнӕхъуаджы ма сдзур Дунедарӕджы, Дӕ Хуыцауы, ном. Дунедарӕг ӕнӕбафхӕргӕ нӕ ныууадздзӕн, Йӕ ном Ын ӕнӕхъуаджы чи дзура, уый.
Ӕрбайхъусут, Йаковы байзӕддӕгтӕ, Израилы ном чи хӕссы ӕмӕ Иудӕйы артӕй рацӕугӕ чи у, уыдон! Сымах ард фӕхӕрут Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауыл нымайут Израилы Хуыцауы, фӕлӕ Йыл не стут иузӕрдион, не стут рӕстгӕнӕг.
Фӕлӕ уый фӕстӕ уӕ фӕнд аивтат ӕмӕ Мын Мӕ ном сӕгад кодтат. Алчидӕр уӕ ауагъта йӕ цагъарты, цӕмӕй, кӕдӕм сӕ фӕнды, уырдӕм цӕуой, фӕлӕ сӕ фӕстӕмӕ раздӕхтат ӕмӕ та сӕ ногӕй уӕхицӕн цагъайрӕгтӕ скодтат.
Уыдон сомы кӕнынц Дунедарӕгӕй, фӕлӕ сӕ сомытӕ мӕнг сты».
Сымах давут, марут, хӕтут, мӕнг сомытӕ кӕнут, Баалӕн буд судзут ӕмӕ, кӕй нӕ зыдтат, уыцы ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувут.
Дӕ цотӕй Молохӕн макӕй снывонд кӕн, ма фегад кӕн дӕ Хуыцауы ном. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Ӕз уыцы адӕймаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, фесафдзынӕн ӕй, йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн ӕрхаста. Уымӕй Мын фӕчъизи кодта Мӕ Уаз Цӕрӕн ӕмӕ фегад кодта Мӕ уаз ном.
искӕй сӕфт дзаума чи ссара ӕмӕ йыл чи нӕ басӕтта — адӕм тӕригъӕды цӕй тыххӕй бацӕуынц, уыцы хъуыддӕгтӕй исты чи сараза ӕмӕ ма ноджы, нӕ уыдтӕн, зӕгъгӕ, мӕнг сомы чи ракӕна, —
Зӕд мын загъта: «Ӕгас зӕххыл цы ӕлгъыст ӕрцӕудзӕн, уый у. Тухгӕ чиныджы иу фарсыл куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, алы давӕг дӕр ӕфхӕрд баййафдзӕн, ӕмӕ, йӕ сомы чидӕриддӕр фӕсайы, уыдонӕй иу дӕр ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕздзӕн, йӕ иннӕ фарсыл куыд фыст ис, афтӕ.
Уыцы ӕлгъыст Мӕнӕй рацыд, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — ӕмӕ алы давӕджы, стӕй, Мӕ номӕй мӕнг сомы чидӕриддӕр ракӕны, уымӕн йӕ хӕдзармӕ уыцы ӕлгъыст бацӕудзӕн ӕмӕ йӕ ныззыгуым кӕндзӕн, дур ӕмӕ дзы фӕйнӕг нал баззайдзӕн».
Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ном хъӕуа-нӕ хъӕуа ма дзур: афтӕ чи кӕны, уымӕн ӕй Дунедарӕг нӕ ныббардзӕн.
Уӕлдайдӕр, ме ’фсымӕртӕ, ма сомы кӕнут нӕдӕр арвӕй, нӕдӕр зӕххӕй, нӕдӕр ӕндӕр истӕмӕй. Фӕлӕ уӕ «о» хъуамӕ уа «о», уӕ «нӕ» та — «нӕ», ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат.