11 Ма давут, ма сайут, кӕрӕдзиуыл хинӕй ма цӕут.
Авессаломы дӕлдӕртӕ сылгоймагмӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ фарстой: «Кӕм сты Ахимаац ӕмӕ Йонатан?» Уый сын загъта: «Доны сӕрты ахызтысты». Авессаломы дӕлдӕртӕ рацагур-бацагур фӕкодтой, фӕлӕ ницы ссардтой ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты Йерусалиммӕ.
Зӕронд лӕг та йын загъта: «Ӕз дӕр пехуымпар дӕн дӕуау. Дунедарӕджы дзырдӕй мын зӕд бафӕдзӕхста, дӕ хӕдзармӕ йӕ бахон ӕмӕ къӕбӕр дӕр бахӕрӕд ӕмӕ дон дӕр бануазӕд, зӕгъгӕ». Асайдта йӕ,
ӕдзӕрӕг быдыры цӕрӕг уыгау сдӕн, мӕ рӕстӕг уыйау хӕлддзӕгтыл ӕрвитын.
Ма дав.
Искӕй ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу.
Ма бабӕлл искӕй хӕдзармӕ, искӕмӕн ма бабӕлл нӕдӕр йӕ усмӕ, нӕдӕр — йӕ цагъармӕ, нӕдӕр — йӕ галмӕ, нӕдӕр — йӕ хӕрӕгмӕ. Искӕй исӕй мацӕмӕ бабӕлл».
Исчи гал кӕнӕ фыс куы адава ӕмӕ йӕ куы аргӕвда кӕнӕ куы ауӕй кӕна, уӕд-иу галы сӕрмӕ раттӕд фондз галы, фысы сӕрмӕ та цыппар фысы.
Иу лӕг иннӕмӕ ӕвзист кӕнӕ исты дзауматӕ ӕвӕрынмӕ куы ратта, уымӕн сӕ йӕ хӕдзарӕй куы адавдӕуа ӕмӕ давӕджы куы ссарой, уӕд сӕ давӕг дывӕрӕй бафидӕд.
Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн. Тӕрхондоны фыдгӕнӕджы фарс ма рахӕц — мӕнгӕвдисӕн ын ма ныллӕу.
Хионы ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу — сайӕн ныхас ма схауӕд дӕ дзыхӕй.
Иууылдӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕрмӕст ӕфтиагмӕ бӕллынц, пехуымпарӕй сауджыны онг мӕнгард сты сӕ хъуыддӕгтӕ.
Уӕ сӕнӕфсир дӕр фӕстаг гагайы онг ма ӕртонут, зӕхмӕ дзы цы гагатӕ ӕрхауа, уыдон дӕр-иу ма ӕруидзут — мӕгуыртӕн ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн сӕ ныууадзут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.
Ницы хуызы! Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы, адӕм иууылдӕр мӕнгард куы уой, уӕддӕр. Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Дӕ рӕстад бӕрӕг уыдзӕни Дӕ ныхӕстӕй, ӕмӕ Дӕ тӕрхоны фӕуӕлахиз уыдзынӕ».
Уӕдӕ мӕнг ныхӕстӕ мауал кӕнут — алчидӕр йӕ хионӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый, уымӕн ӕмӕ мах стӕм иу буары уӕнгтӕ.
Чи давта, уый мауал давӕд, уый бӕсты кусӕд, йӕхи къухтӕй пайдайаг хъуыддӕгтӕ кӕнӕд, ӕмӕ йӕм уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕ фӕкӕсыны фаг дӕр.
Кӕрӕдзийӕн мӕнг ныхӕстӕ ма дзурут, уымӕн ӕмӕ сымах фервӕзтыстут уӕ зӕронд ӕрдзыхъӕдӕй йӕ хъуыддӕгтимӕ
хӕлд адӕмӕн, нӕлмойтӕн, цагъайрӕгтӕй базаргӕнджытӕн, фӕлитойтӕн, мӕнгӕрдтӕн ӕмӕ раст ахуырады ныхмӕлӕуджытӕн се ’ппӕтӕн.
Нӕуӕндӕгтӕн ӕмӕ ӕцӕгадыл гадзрахатӕй рацӕуджытӕн, ӕнӕуагтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат ис судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».