Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 18:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ма ӕрӕмуат у дӕ фыды бинойнагимӕ — уымӕй дӕ фыды ӕгад кӕныс.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 18:8
10 Iomraidhean Croise  

Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иуахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст ӕмӕ йын фӕхъыг ис. Йаковӕн уыди дыууадӕс фырты.


Ивылд донау абухыс ды, ӕмӕ нӕ уыдзӕн хистӕры кад дӕу: дӕ фыды уатмӕ ӕнӕфсармӕй схызтӕ, фӕчъизи мын кодтай мӕ хуыссӕн.


Де ’хсӕн ис, йӕ фыды чи фегад кӕны, ахӕмтӕ: йӕ усимӕ йын ӕмуат ӕрцӕуынц; сӕ устытӕн батых кӕнынц се ’рвылмӕйон туг цӕуыны заман.


Йӕ фыды бинойнагимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуа, уый фегад кӕндзӕн йӕ фыды, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын.


Мӕгуыртӕн сӕ сӕртӕ рыджы бын ныккодтой, сӕ фӕндагыл сын сӕвӕрдтой цӕлхдуртӕ. Фыд ӕмӕ фырт иу сылгоймагимӕ хӕтынц, сӕгад Мын кодтой Мӕ уаз ном.


Бӕлвырдӕй куыд фехъуыстон, афтӕмӕй уӕм ӕрцыди ахӕм ӕнӕуаг хъуыддаг, ӕмӕ суанг муртаттӕгтӕм дӕр никуыма уыди — чидӕр, дам, цӕры йӕ фыдыусимӕ.


Йӕ фыды усимӕ бацӕрыны бар никӕмӕн ис. Йӕ фыды бӕгънӕгӕй феныны бар никӕмӕн ис.


Йӕ мӕхстӕттӕ хъыгдард кӕмӕн сты кӕнӕ йе ’рдон буар кӕмӕн ралыг чындӕуыд, уыцы нӕлгоймагӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн нӕй.


„Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ фыды усимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуа, йӕ фыды чи фегад кӕна, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan