5 Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ, уымӕн ӕмӕ, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уый цӕрдзӕни сӕ фӕрцы. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Фӕдзӕхстай сӕ, цӕмӕй сӕ Де ’Гъдаумӕ раздахай, фӕлӕ-иу уыдон хиваст уыдысты ӕмӕ нӕ хъуыстой Дӕ фӕдзӕхстытӕм, афтӕмӕй та Дӕ уагӕвӕрдтӕ, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдонӕн царддӕттӕг сты. Хиваст ӕмӕ нӕсӕттон уыдысты, хъусын сӕ нӕ фӕндыди.
Хуыцау Моисейӕн загъта: «Ӕз Дунедарӕг дӕн!
«Ӕз — Дунедарӕг! Цыдӕриддӕр дын зӕгъын, уыдон рафӕзм фараонӕн, Мысыры паддзахӕн».
Мӕ номӕй зӕгъ израилӕгтӕн: „Ӕз — Дунедарӕг, ракӕндзынӕн уӕ Мысыры ӕфсондзы бынӕй, суӕгъд уӕ кӕндзынӕн цагъары къӕлӕтӕй. Ме стыр хъомысы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уе ’фхӕрджыты та уын бафхӕрдзынӕн.
Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.
Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ чи нымайы, уый рӕстгӕнӕг у ӕмӕ ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Уым сын радтон Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сын фехъусын кодтон Мӕ амындтытӕ, цӕмӕй сӕ алы адӕймаг дӕр ӕххӕст кӕна ӕмӕ уый фӕрцы цӕра.
Фӕлӕ Израилы адӕм ӕдзӕрӕг ран Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, Мӕ амындтытыл Мын суӕлӕхох сты, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ Ӕз загътон, ӕдзӕрӕг ран сыл Мӕ азар ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.
Фӕлӕ сӕ фырттӕ дӕр Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ нӕ цардысты, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ загътон, Мӕ азар сыл ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сыл ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ маст ныккалдзынӕн, зӕгъгӕ.
Хӕстӕг уын чи ӕййафа, ахӕм сылгоймагмӕ уӕ мачи бавналӕд, мачи ӕрӕмуат уӕд йемӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн. Йаковы фырттӕ, Ӕз ивгӕ нӕ кӕнын, ӕмӕ сымах дӕр уый фӕрцы нӕ фесӕфтыстут.
Йесо йын дзуапп радта: «Хорз цы у, уымӕй Мӕ цӕмӕн фӕрсыс? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у. Фӕлӕ дӕ кӕд мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын фӕнды, уӕд ӕххӕст кӕн фӕдзӕхстытӕ».
Йесо йын загъта: «Раст дзуапп радтай. Афтӕ кӕн ӕмӕ мыггагмӕ цӕрдзынӕ».
Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ адӕймаг куыд сраст вӕййы, уый тыххӕй Моисей афтӕ фыссы: «Чи йӕ ӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕни йӕ фӕрцы».
ӕз та амардтӕн: царддӕттӕг цы фӕдзӕхст хъуамӕ уыдаид, уый мын ӕрхаста мӕлӕт.
Ӕгъдау та уырнындзинадимӕ баст нӕу, фӕлӕ «йӕ чи ӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕни йӕ фӕрцы».
уарзут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хъусут Ӕм ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ ма ивут, уымӕн ӕмӕ Уымӕй аразгӕ у уӕ цард, уӕ цӕрӕнбон, Дунедарӕг нӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн цы бӕстӕ раттыныл басомы кодта, уым».
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сунӕт скӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕн, стӕй уӕ байзӕддӕгты зӕрдӕтӕн дӕр, цӕмӕй Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уарзат ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ баззайат сӕрӕгасӕй.
Ӕрбайхъусут уӕдӕ, израилӕгтӕ, цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтыл уӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.