Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 18:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын ӕххӕст кӕнут — ма бафӕзмут, уӕ размӕ ам цы ӕлгъаг ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдон, науӕд фӕчъизи уыдзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 18:30
14 Iomraidhean Croise  

Фӕзындис сӕм дины хъахбай лӕгтӕ дӕр ӕмӕ, Дунедарӕг кӕддӕр Израилы адӕмы цурӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕппӕт ӕлгъаг митӕ фӕзмын байдыдтой.


Дунедарӕг Израилы адӕмы сӕраппонд сӕ фыдӕй-фыртмӕйы зӕххытӕ кӕмӕн байста, уыцы аморӕгтау Ахав дӕр бирӕ ӕлгъаг митӕ кодта, гуымирытӕм куывта.


Уый фӕстӕ мӕм хистӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ мын загътой, израилӕгтӕ ӕмӕ сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕндӕр адӕмтимӕ — ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, йевусӕгтӕ, аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ, мысырӕгтӕ ӕмӕ аморӕгтимӕ — ӕмдзӕхтон кӕнынц, се ’гъдӕуттыл сын ныххӕцыдысты, зӕгъгӕ.


Уыцы ӕлгъаг митӕ чидӕриддӕр кӕна, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.


Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕппӕт Израилы адӕмӕн зӕгъа:


Уӕ цурӕй уын цы адӕмты сурын, уыдоны ӕгъдӕуттӕ ма бафӕзмут. Уыдон ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй сӕм Мӕ маст рафыхти.


Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын ӕххӕст кӕнӕнт, цӕмӕй тӕригъӕды ма бацӕуой ӕмӕ ма амӕлой, сӕхи сыл кӕй атигъ кодтой, уый тыххӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы сты, Уый.


Уӕдӕ уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, кӕддӕриддӕр Ын ӕххӕст кӕн Йӕ домӕнтӕ, макуы ахиз Йе ’гъдӕуттӕ, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстыты сӕрты.


дӕ разы бынсӕфт куы фӕуой, уӕд-иу дӕхи хъахъхъӕн: къӕппӕджы бахаудзынӕ, уыдоны куы бафӕзмай ӕмӕ, ацы адӕмтӕ сӕ хуыцӕуттӕн куыд лӕггад кодтой, ӕз дӕр афтӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ сын сӕ хуыцӕутты куы бацагурай, уӕд.


Ды Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, афтӕ ма кӕн: Дунедарӕг цӕуылдӕриддӕр ӕлгъ кӕны ӕмӕ Йын цыдӕриддӕр ӕнӕуынон у, уыдӕттӕ уыдон сӕ хуыцӕуттӕн кодтой; суанг ма сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр арты сыгътой сӕ хуыцӕутты номыл.


Ӕз ын йӕ мард дыууадӕс дихы акодтон ӕмӕ хӕйттӕ Израилы алы зылдмӕ дӕр арвыстон. Израилы тынг чъизи ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддаг ӕрцыди!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan