26 Фӕлӕ сымах ӕххӕст кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ. Ахӕм ӕлгъаг митӕ сымахӕй мачи кӕнӕд, фӕнды израилаг уа, фӕнды уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг,
Фӕзындис сӕм дины хъахбай лӕгтӕ дӕр ӕмӕ, Дунедарӕг кӕддӕр Израилы адӕмы цурӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕппӕт ӕлгъаг митӕ фӕзмын байдыдтой.
Израилӕгтӕй кӕнӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕхи туджы хъӕстӕ куы фӕкӕна, уӕд ӕй Ӕз мӕ азары хай бакӕндзынӕн, хъодыгонд ӕй фӕкӕндзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй,
Зӕгъ сын: израилӕгтӕй ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи иууылсудзинаг кӕнӕ ӕндӕр исты нывонд куы хӕсса
Уыдоны тыххӕй зӕхх фӕчъизи ис. Ӕз зӕххӕй дзуапп ӕрдомдтон йӕ тӕригъӕды тыххӕй, ӕмӕ йӕ цӕрджыты расхуыста йӕхицӕй.
уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ кодтой, ацы зӕххыл уӕ размӕ чи царди, уыцы адӕм, ӕмӕ зӕхх фӕчъизи ис.
Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын ӕххӕст кӕнут — ма бафӕзмут, уӕ размӕ ам цы ӕлгъаг ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдон, науӕд фӕчъизи уыдзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау».
Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ, уымӕн ӕмӕ, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уый цӕрдзӕни сӕ фӕрцы. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы дзырдмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».
Сойджын мӕрыл чи ӕрхауди, уыдон та сты ахӕм адӕм — фехъусынц ныхас, арф ӕй бавӕрынц сӕ фӕлмӕн ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйы ӕмӕ фӕразон кӕй сты, уый фӕрцы стыр пайда ӕрхӕссынц.
Кӕд Мӕ уарзут, уӕд ӕххӕст кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ.
Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ.
Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут.
Ӕххӕст Ын кӕнут Йӕ фӕтк ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ, мӕнӕ уын ӕз кӕй амонын ныр, уыдон, ӕмӕ хорз уыдзӕн сымахӕн ӕмӕ уӕ фӕстагӕттӕн, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзыстут, ӕнустӕм уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, кӕй хай кӕны, уыцы бӕсты».