19 Сылгоймагмӕ йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг ма бавнал, уымӕн ӕмӕ уыцы бонты ӕнӕсыгъдӕг у.
Давид арвыста йӕ дӕлдӕрты, ӕрбакӕнут ӕй, зӕгъгӕ. Уый ӕрбацыди, ӕмӕ Давид йемӕ ӕрӕмуат ис (сылгоймаг йӕ чъизийӕ уый хӕдразмӕ ссыгъдӕг ис), ӕмӕ уый фӕстӕ Вирсави йӕ хӕдзармӕ аздӕхт.
Израилы адӕмы гуымирытӕм чи нӕ кувы ӕмӕ сын кувӕн къуыбыртыл сӕ нывӕндтӕй чи нӕ аходы, йӕ хионы усы чи нӕ ӕгад кӕны ӕмӕ йӕхи усимӕ йӕ туг цӕуыны заман чи нӕ ӕрӕмуат вӕййы,
Де ’хсӕн ис, йӕ фыды чи фегад кӕны, ахӕмтӕ: йӕ усимӕ йын ӕмуат ӕрцӕуынц; сӕ устытӕн батых кӕнынц се ’рвылмӕйон туг цӕуыны заман.
«Сылгоймаг лӕппу куы ныййара, уӕд авд боны дӕргъы уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, ӕрвылмӕйон низӕй куы фӕтыхсы, уӕд куыд фӕчъизи вӕййы, афтӕ.
Сылгоймагӕн йе ’рвылмӕйон туг куы цӕуа, уӕд авд боны дӕргъы уыдзӕни ӕнӕсыгъдӕг. Чи йыл бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Нӕлгоймаг йемӕ ӕмуат ӕрцыди ӕмӕ йӕ сылгоймаг, ӕнӕсыгъдӕг цӕмӕй у, уымӕй самӕста, зӕгъгӕ, уӕд нӕлгоймаг авд боны дӕргъы ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн, кӕм схуысса, уыцы хуыссӕн дӕр афтӕ.
Дӕ усы хойы ма ракур, дӕ усы удӕгасӕй ма ӕрӕмуат у йемӕ.
Исчи сылгоймагимӕ йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд ын уымӕй раргом кӕндзӕн йӕ тугцыд; сылгоймаг дӕр афтӕмӕй ӕвдисы йӕ тугцыд, ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр амардзысты, сӕ адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзысты.