18 Дӕ усы хойы ма ракур, дӕ усы удӕгасӕй ма ӕрӕмуат у йемӕ.
Йаков сразы ис, ӕмӕ чындзӕхсӕвы къуыри куы ахицӕн ис, уӕд ын Лаван радта йӕ чызг Рахелы.
Фӕлӕ йын Леа афтӕ: «Мӕ мойы мын байстай, уый дын ӕгъгъӕд нӕу, ӕмӕ ма уыцы дыргътӕ дӕр дӕхирдыгӕй фӕкӕнинаг дӕ?» Рахел ын загъта: «Омӕ-иу ацы дыргъты ныхмӕ демӕ фӕуӕд ахсӕв».
Ламех ӕрхаста дыууӕ усы: иуӕн йӕ ном — Ада, иннӕмӕн та — Циллӕ.
Алы фондз уӕфтӕджы дӕр иумӕ бахуый, дыууӕ егъау ӕмбӕрзӕны сӕ куыд рауайа, афтӕ.
Ма ӕрӕмуат у сылгоймаг ӕмӕ йӕ чызгимӕ, ма ӕрӕмуат у сылгоймагӕн йӕ цоты чызджытимӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон уыцы сылгоймагӕн йӕ туг, йе стӕг сты — уый ӕлгъаг ми у.
Сылгоймагмӕ йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг ма бавнал, уымӕн ӕмӕ уыцы бонты ӕнӕсыгъдӕг у.
Хуыцау уӕ уд ӕмӕ буарӕй дӕр не сиу кодта? Ӕмӕ иу чи сси, уымӕн йӕ нысан цӕй мидӕг уыди? Хуыцау кӕй ралӕвар кодта, уыцы цоты агурын. Уӕдӕ хъахъхъӕнут уӕ удтӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр, йе ’взонджы бонты цы бинойнаджы ӕрхаста, ууыл гадзрахатӕй ма рацӕуӕд.