13 Ма ӕрӕмуат у дӕ мады хоимӕ — уый дӕ мадӕн йӕ туг, йе стӕг у.
Ма ӕрӕмуат у дӕ фыды хоимӕ — уый дӕ фыдӕн йӕ туг, йе стӕг у.
Дӕ фыды ’фсымӕры ма фегад кӕн — ма йын бавнал йӕ усмӕ. Уый дӕ хион у.
Йӕ мады хо кӕнӕ йӕ фыды хоимӕ ӕмуат мачи ӕрцӕуӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ туг, йе стӕг сты. Ахӕм ми чи бакӕна, уыдон дыууӕйӕ дӕр азымджын уыдзысты.