9 ӕмӕ, Дунедарӕджы номыл хаст нывондӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ йӕ нывондаджы Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цурмӕ куынӕ ӕрбакӕна, уӕд уыцы адӕймаг йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.
Сыджытӕй Мын сараз нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл уӕ лыстӕг фосӕй ӕмӕ уе стурвосӕй хӕсс иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дӕ зӕрдыл дын Мӕхи кӕмдӕриддӕр ӕрлӕууын кӕнон, уырдӕм-иу дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн.
Ахӕм сӕрдӕн чи сараза ӕмӕ дзы ӕндӕр искӕй чи байсӕрда, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».
Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа.
Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ куынӕ ӕрбакӕна ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы цӕрӕны раз нывондӕн куынӕ ӕрхӕсса Дунедарӕгӕн, уӕд уыцы адӕймаг азымджын фӕуыдзӕн: туг ныккалдта, ӕмӕ йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.
Зӕгъ сын: израилӕгтӕй ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи иууылсудзинаг кӕнӕ ӕндӕр исты нывонд куы хӕсса
Фыс куы хӕсса нывондӕн, уӕд ӕй ӕрбакӕнӕд Дунедарӕджы размӕ.