Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 17:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нывондӕгтӕ быдыры мауал ӕргӕвдӕнт, фӕлӕ-иу сӕ ӕрбакӕнӕнт Дунедарӕджы размӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, сауджынмӕ, ӕмӕ-иу сӕ Дунедарӕджы номыл фидыды нывондӕн аргӕвдӕнт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 17:5
20 Iomraidhean Croise  

Авраам та Беер-Шевӕйы ныссагъта тамариск бӕлас ӕмӕ уым ссардта Дунедарӕджы, Ӕнусон Хуыцауы, ном.


Авраам акаст ӕмӕ федта: пыхсыты йӕ сытӕ ныссагъдысты иу фырӕн. Авраам ӕм бацыди, суӕгъд ӕй кодта ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты бӕсты.


Хуыцау загъта: «Демӕ ракӕн дӕ иунӕг, дӕ уарзон фырт Исаакы ӕмӕ араст у Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ йӕ уым, цы хохӕй дын зӕгъон, ууыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс».


Стӕй Йаков уым, хохы сӕрыл, нывонд ӕрхаста ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕм фӕдзырдта. Фӕминас кодтой ӕмӕ уыцы ӕхсӕв уым баззадысты.


Алы бӕрзонд хохыл ӕмӕ алы къабузджын бӕласы бын арӕзтой кувӕн къуыбыртӕ, табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


Кувӕндон арӕзт кӕй нӕма уыд, уымӕ гӕсгӕ адӕм Дунедарӕджы номыл кусӕрттӕ кодтой кувӕн къуыбыртыл.


Соломон уарзта Дунедарӕджы ӕмӕ ӕххӕст кодта йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстытӕ. Ӕцӕг уый дӕр кувӕн къуыбыртыл кусӕрттӕ кодта ӕмӕ буд сыгъта.


Кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ бӕрзӕндтыл, стӕй алы къабузджын бӕласы бын ӕргӕвста кусӕрттӕгтӕ ӕмӕ сыгъта буд.


Алы бӕрзонд къуыбыр ӕмӕ алы къабузджын бӕласы бын табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы номыл дурцӕджындзтӕ ӕвӕрдтой.


Кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ бӕрзӕндтыл, стӕй алы къабузджын бӕласы бын хаста нывӕндтӕ ӕмӕ сыгъта хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.


Израилы ӕрыгон лӕппутӕн загъта, ӕмӕ ӕрбакодтой галтӕ — Дунедарӕгӕн ӕрхастой иууылсудзинаг ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ.


Ӕз сӕ ӕрбакодтон, сомы сын ракӕнгӕйӕ, Мӕ къух уӕлӕмӕ сисгӕйӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ, фӕлӕ адон сӕхицӕн бацагуырдтой алы къуыбыр ӕмӕ алы къабузджын бӕлас, ӕмӕ-иу ахӕм къуыбырыл, кӕнӕ ахӕм бӕласы бын аргӕвстой сӕ нывондӕгтӕ. Уыцы рӕтты-иу ӕрӕвӕрдтой сӕ хуынтӕ, хӕрздӕф буд-иу ссыгътой ӕмӕ калдтой сӕн“.


Дӕ хахуыргӕнджыты аххосӕй адӕмы туг ныккӕлы, дӕ кувӕн къуыбыртыл гуымирытӕн хаст нывӕндтӕ хӕрынц, дӕ мидӕг алы ӕлгъаг митӕ аразынц.


Уыцы бонтӕ куы фӕуой, уӕд-иу уын, ӕстӕм бонӕй фӕстӕмӕ, сауджынтӕ нывондхӕссӕныл хӕссӕнт уӕ иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ уӕ фидыды нывӕндтӕ, ӕмӕ уыл Ӕз ауддзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндаджы сауджынтӕ, Цадокы байзӕддӕгтӕ, сӕ уазлӕггад нӕ ныууагътой Мӕ Кувӕндоны, израилӕгтӕ Мӕ се ’ргом куы аздӕхтой, уӕд, ӕмӕ дарддӕр дӕр уыдон лӕггад кӕндзысты Мӕ разы ӕмӕ Мын фиу ӕмӕ туг нывондӕн хӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ куынӕ ӕрбакӕна ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы цӕрӕны раз нывондӕн куынӕ ӕрхӕсса Дунедарӕгӕн, уӕд уыцы адӕймаг азымджын фӕуыдзӕн: туг ныккалдта, ӕмӕ йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.


Сауджын-иу нывонды тугӕй Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз Дунедарӕджы нывондхӕссӕныл бапырх кӕнӕд, сӕ фиутӕ та-иу сын басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.


Кӕй басӕтдзыстут, уыцы адӕмты кувӕн бынӕттыл, сӕ хуыцӕутты кувӕндӕттыл кӕмдӕриддӕр бамбӕлат — бӕрзонд хӕхтыл уа, къуыбыртыл ӕви алы къабузджын бӕласы бын — ныффалгӕрон-иу сӕ кӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan