Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 17:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ куынӕ ӕрбакӕна ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы цӕрӕны раз нывондӕн куынӕ ӕрхӕсса Дунедарӕгӕн, уӕд уыцы адӕймаг азымджын фӕуыдзӕн: туг ныккалдта, ӕмӕ йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 17:4
30 Iomraidhean Croise  

Сунӕтгонд цы нӕлгоймаг не ’рцӕуа, уый та йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ фехӕлдта Мӕ фидыд».


Стаут Дунедарӕджы дыууадӕстӕноны зӕлтӕй, ӕрцӕгъдут Ын дӕстӕнонтыл.


Авд боны дӕргъы хъуамӕ хӕрат донгонд дзултӕ. Фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ уӕ хӕдзӕртты ӕнхъизӕн куыннӕ уа, афтӕ бакӕнут. Уыцы авд боны дӕргъы ӕнхъизӕнджын дзулӕй чи фӕхъӕстӕ уа, уый Израилы адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.


Авд боны дӕргъы уӕ хӕдзӕртты ӕнхъизӕнӕн йӕ кой дӕр ма уӕд. Ӕнхъизӕнӕй конд дзул чи бахӕра, фӕнды ӕрцӕуӕггаг уӕд, фӕнды израилаг — Израилы адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.


Ахӕм сӕрдӕн чи сараза ӕмӕ дзы ӕндӕр искӕй чи байсӕрда, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».


Чи сараза ӕмӕ йӕм чи басмуда, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».


Сымах та иуӕрдыгӕй Мӕнӕн гал ӕргӕвдут, иннӕрдыгӕй та уӕ гуымирыйӕн адӕймаг-нывонд хӕссут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн фыс кусарт кӕнут, иннӕрдыгӕй та куыдзы ӕфцӕг сӕттут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн хуын хӕссут, иннӕрдыгӕй та хуыйы хъуырӕй туг уадзут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн буд судзут, иннӕрдыгӕй та уӕ хуыцаугондӕн табу кӕнут. Равзӕрстат уӕхи фӕндӕгтӕ, уӕ зӕрдӕ рухс кӕны уе ’лгъаг митӕй.


Уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ уаз хохыл, Израилы бӕрзонд хохыл, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — лӕггад кӕндзысты ӕппӕт Израилы адӕм, дунейыл сӕ чидӕриддӕр ис, уыдон. Уым сыл Ӕз ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдзынӕн. Уым уын бацагурдзынӕн уӕ хуынтӕ, уӕ хоры сӕртӕ ӕмӕ уе ’ппӕт уаз нывӕндтӕ.


Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа.


Израилӕгтӕй кӕнӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕхи туджы хъӕстӕ куы фӕкӕна, уӕд ӕй Ӕз мӕ азары хай бакӕндзынӕн, хъодыгонд ӕй фӕкӕндзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй,


уымӕн ӕмӕ алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ цард йӕ туджы ис, ӕмӕ Ӕз израилӕгтӕн бафӕдзӕхстон, цӕмӕй тугимӕ мацы фыд хӕрой. Алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ цард йӕ туджы ис, ӕмӕ, тугимӕ чидӕриддӕр бахӕра, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.


исчи уӕ рӕсӕнуаты мидӕг, науӕд уый ӕдде стур, фыс кӕнӕ сӕгъ куы аргӕвда,


Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нывондӕгтӕ быдыры мауал ӕргӕвдӕнт, фӕлӕ-иу сӕ ӕрбакӕнӕнт Дунедарӕджы размӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, сауджынмӕ, ӕмӕ-иу сӕ Дунедарӕджы номыл фидыды нывондӕн аргӕвдӕнт.


ӕмӕ, Дунедарӕджы номыл хаст нывондӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ йӕ нывондаджы Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цурмӕ куынӕ ӕрбакӕна, уӕд уыцы адӕймаг йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.


Уыцы ӕлгъаг митӕ чидӕриддӕр кӕна, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.


Сылгоймаг исты фосмӕ куы бацӕуа, цӕмӕй йемӕ ӕриу уа, уый тыххӕй, уӕд-иу сылгоймаджы дӕр ӕмӕ фосы дӕр амарут. Сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын.


Исчи сылгоймагимӕ йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд ын уымӕй раргом кӕндзӕн йӕ тугцыд; сылгоймаг дӕр афтӕмӕй ӕвдисы йӕ тугцыд, ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр амардзысты, сӕ адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзысты.


Ӕз уыцы адӕймаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, фесафдзынӕн ӕй, йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн ӕрхаста. Уымӕй Мын фӕчъизи кодта Мӕ Уаз Цӕрӕн ӕмӕ фегад кодта Мӕ уаз ном.


Йӕ къух ын йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур аргӕвдӕд. Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.


Ӕртыккаг бон ма фидыды нывондӕй чи бахӕра, уымӕн йӕ нывонд Хуыцауӕн ӕхцон нӕ уыдзӕн, нӕ йын ӕй айсдзӕн. Уыцы дзидза ӕлгъаг у, ӕмӕ дзы чи бахӕра, уый йӕ тӕригъӕдӕн дзуапп ратдзӕн.


Уӕд сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Ӕз дуар дӕн фыстӕн.


Ӕз дӕн дуар. Мӕн уылты чи бацӕуа, уый фервӕздзӕн — ӕдӕрсгӕ бацӕудзӕни мидӕмӕ, рацӕудзӕн ӕддӕмӕ ӕмӕ хизӕнуат ссардзӕни.


Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.


Уымӕн хоны Давид тӕхудиаг, йӕ хъуыддӕгтӕ йын нӕ нымайгӕйӕ, Хуыцау рӕстгӕнӕгыл кӕй банымайы, уыцы адӕймаджы:


Тӕригъӕд Ӕгъдауы размӕ дӕр дунейы уыди, фӕлӕ тӕригъӕд, Ӕгъдау куынӕ уа, уӕд тӕригъӕдыл нымад нӕ цӕуы.


Ӕгъдау ӕрцыди тӕригъӕды бабирӕйӕн, фӕлӕ тӕригъӕд куы сбирӕ ис, уӕд Хуыцауы хорзӕх дӕр парахат сси,


Дунедарӕг, ма сӕвӕр азым Дӕ адӕмыл, израилӕгтыл, уацарӕй кӕй фервӕзын кодтай, уыдоныл! Сраст кӕн Дӕ адӕмы, израилӕгты!“ Ӕмӕ уӕд уыцы тугныккалды уыдон азымджын нӕ уыдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan