Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 17:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 уымӕн ӕмӕ алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ цард йӕ туджы ис, ӕмӕ Ӕз туг снысан кодтон нывондхӕссӕнӕн, цӕмӕй-иу йӕ фӕрцы ссыгъдӕг уат уӕ тӕригъӕдтӕй. Цард туджы ис, ӕмӕ тӕригъӕдтӕ барст йӕ фӕрцы цӕуынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 17:11
24 Iomraidhean Croise  

Фыдызгъӕл хӕрыны бар уын ис, фӕлӕ туджы хъӕстӕ ма фӕут, уымӕн ӕмӕ туджы ис цард.


Галы Дунедарӕджы раз аргӕвдӕд, Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг, Фембӕлды Цатыры раз цы нывондхӕссӕн ис, ууыл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.


Йӕхи тыххӕй тӕригъӕды нывонд ӕрхӕссынӕн Аарон ӕрбакӕнӕд гал ӕмӕ сӕххӕст кӕнӕд йӕхи, стӕй йӕ хӕдзаронты тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау. Галы куы аргӕвда,


Ӕз израилӕгтӕн уый тыххӕй бафӕдзӕхстон: сымахӕй дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй дӕр туджы хъӕстӕ мачи фӕуӕд.


уымӕн ӕмӕ алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ цард йӕ туджы ис, ӕмӕ Ӕз израилӕгтӕн бафӕдзӕхстон, цӕмӕй тугимӕ мацы фыд хӕрой. Алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ цард йӕ туджы ис, ӕмӕ, тугимӕ чидӕриддӕр бахӕра, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.


Сауджын йе ’нгуылдзыл тӕригъӕды нывонды тугӕй сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Кусартӕн йӕ нӕрдтӕ та нывондхӕссӕныл басудзӕд, фидыды нывонды нӕрдтӕ куыд басудзынц, афтӕ. Уыйадыл сауджын тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ хицауӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.


Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын йе ’нгуылдзыл систа ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста, цӕмӕй нывондхӕссӕн срухс кӕна. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалдта. Афтӕмӕй, тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кодта.


Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕтӕн сӕрибар ӕрхӕссыны сӕраппонд ратта Йӕ цард».


уымӕн ӕмӕ уый Мӕ Туг у — уымӕй фидаргонд цӕуы Ног Фидыд, ӕмӕ бирӕтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны сӕраппонд ныккӕлдзӕн.


Ӕмӕ сын загъта: «Уый Мӕ Туг у — уымӕй фидаргӕнгӕ у Ног Фидыд, ӕмӕ уый бирӕты сӕрвӕлтау ныккӕлдзӕни.


Хуыцау Ӕй снысан кодта фидауынгӕнӕг нывондӕн, цӕмӕй Йӕ Туджы фӕрцы барст ӕрцӕуой, чи Йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ рӕстдзинад — бирӕбыхсаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй,


Кӕд абон Йесойы Туджы фӕрцы сраст стӕм, уӕд нӕ уымӕй ноджы фылдӕр ныфс ис, Йӕ фӕрцы Хуыцауы азарӕй дӕр кӕй фервӕздзыстӕм!


Чырысти не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыргонд сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх,


Фӕлӕ туджы хъӕстӕ ма фӕкӕн дӕхи, уымӕн ӕмӕ туг цард у, ӕмӕ йӕ ма бахӕр фыдызгъӕлимӕ.


Фырт не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыргонд сты нӕ тӕригъӕдтӕ.


ӕмӕ Чырыстийы фӕрцы ӕппӕт дӕр бафидауын кӕна Йемӕ. Чырысти дзуарыл цы Туг ныккалдта, уымӕй Хуыцау бафидауын кодта уӕларвонты ӕмӕ зӕххонты.


Афтӕ Йесо дӕр, адӕмы Йӕ Тугӕй ссыгъдӕг кӕныны сӕраппонд, амарди фӕссахар.


Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ӕппӕт дӕр сыгъдӕггонд цӕуы тугӕй, ӕмӕ, туг куынӕ ныккӕла, уӕд хатыр нӕй.


Нӕ Фыд Хуыцау зыдта рагацау ӕмӕ уӕ срухс кодта Йӕ Удӕй, цӕмӕй Йесо Чырыстийӕн уат коммӕгӕс ӕмӕ ссыгъдӕг уат Йӕ Тугӕй. Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ӕмӕ фарнӕй ноджы фылдӕр хайджын цы уат, ахӕм арфӕ уӕ уӕд.


Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад, ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.


Уый у Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр.


ӕмӕ иузӕрдион Ӕвдисӕн Йесо Чырыстийӕ — мӕрдтӕй фыццаг Чи райгас ис ӕмӕ зӕххон паддзӕхты Паддзах Чи у, Уымӕй. Мах Чи уарзы ӕмӕ нӕ Йӕ Туджы руаджы нӕ тӕригъӕдтӕй Чи фервӕзын кодта,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan