9 Дунедарӕджы номыл йӕ хал цы цӕуӕн схауа, уый Аарон ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн.
Тӕригъӕд ныббарыны охыл нывондӕн хаст ӕрцӕуӕд, зӕгъгӕ, йӕ хал цы цӕуӕн схауа, уый та-иу Дунедарӕджы раз удӕгасӕй баззайӕд, цӕмӕй ӕххӕстгонд ӕрцӕуа адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау ӕмӕ йӕ аскъӕрой ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Азазелмӕ.
Цӕуты тыххӕй хӕлттӕ сӕппарӕд: иу дзы хъӕуы Дунедарӕгӕн нывондӕн ӕрхӕссын, иннӕ та — ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Азазелмӕ, аскъӕрын.
Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йӕ сымах муртаттӕгты къухӕй байтыгътат дзуарыл ӕмӕ Йӕ амардтат.