Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 16:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Йӕхи тыххӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссӕд гал ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд йӕхи ӕмӕ йӕ хӕдзаронты тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 16:6
12 Iomraidhean Croise  

Сӕ куывды бонтӕ-иу куы ахицӕн сты, уӕд-иу сӕм кӕддӕриддӕр Иов йӕхимӕ фӕсидти, цӕмӕй сын Хуыцаумӕ скува. Райсомӕй-иу раджы сыстади ӕмӕ-иу сӕ алкӕй тыххӕй дӕр иууылсудзинаг нывонд ӕрхаста. Уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодта Иов: «Кӕд, мыййаг, мӕ фырттӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ Хуыцауы фӕхъыг кодтой ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын сты?» Ӕмӕ кӕддӕриддӕр афтӕ кодта.


Левийы хӕдзарвӕндаджы сауджынтӕн-иу, Цадокы байзӕддӕгтӕй чи у, Мӕ рӕзы чи лӕггад кӕна, уыдонӕн, Мӕ сауджынтӕн, галты дзугӕй тӕригъӕды нывондӕн ратт иу гал.


Уыцы бонтӕ куы фӕуой, уӕд-иу уын, ӕстӕм бонӕй фӕстӕмӕ, сауджынтӕ нывондхӕссӕныл хӕссӕнт уӕ иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ уӕ фидыды нывӕндтӕ, ӕмӕ уыл Ӕз ауддзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Уаз Цӕрӕнмӕ бацӕуын йӕ зӕрды куы уа, уӕд Аарон тӕригъӕды нывондӕн хъуамӕ ӕрбакӕна гал, иууылсудзинагӕн та — фыр.


Дыууӕ цӕуы ӕрлӕууын кӕнӕд Дунедарӕджы раз, Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур.


Ааронӕн та Моисей загъта: «Нывондхӕссӕны размӕ бацу ӕмӕ дӕхи тыххӕй тӕригъӕды нывонд ӕмӕ иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕсс, цӕмӕй барст ӕрцӕуой дӕхи тӕригъӕдтӕ ӕмӕ адӕмы тӕригъӕдтӕ. Адӕмы номӕй ӕрбахӕсс хуын, цӕмӕй сӕххӕст кӕнай адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау, Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ».


Уый иннӕ алчерты хуызӕн нӕу: ӕрвылбон Ӕй раздӕр Йӕхи тӕригъӕдты, уый фӕстӕ та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ хӕссыны сӕр нӕ хъӕуы. Йесо уый бакодта иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ, Йӕхи нывондӕн куы ӕрхаста, уӕд.


Иу хатт ӕмӕ ӕнусмӕ Чырысти бацыди Рухсмонуатмӕ — нывондаг сӕгътӕ ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ ӕмӕ нӕ мыггагмӕ фервӕзын кодта тӕригъӕды азымӕй.


дыккаг уатмӕ та — ӕрмӕстдӕр алчер, афӕдз иу хатт, тугимӕ, ӕмӕ-иу ӕй нывондӕн ӕрхаста йӕхи тӕригъӕдты, стӕй, адӕм ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдоны тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan