Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 16:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Израилы адӕмӕй Аарон тӕригъӕды нывондӕн райсӕд дыууӕ цӕуы, иууылсудзинагӕн та — фыр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 16:5
14 Iomraidhean Croise  

Паддзахы бинонтӕ, стӕй Кувӕндон ӕмӕ ӕгас Иудейы тыххӕй тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ ӕрбакодтой авд галы, авд фыры, авд уӕрыччы ӕмӕ авд цӕуы. Ӕмӕ паддзах сауджынтӕн, Аароны байзӕддӕгтӕн, бафӕдзӕхста, цӕмӕй Дунедарӕджы нывондхӕссӕныл иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕрхӕссой.


Ӕппӕт израилӕгты тыххӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрхастой сӕдӕ галы, дыууӕсӕдӕ фысы, цыппарсӕдӕ уӕрыччы. Дыууадӕс нӕл сӕгъы та — Израилы хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ.


Искӕмӕн йӕ иууылсудзинаг нывонд лыстӕг фосӕй куы уа, фыс кӕнӕ сӕгъ, уӕд нывондӕн хъуамӕ ӕрхӕсса ӕнӕсахъат фыр кӕнӕ ӕнӕсахъат цӕу.


алчер тӕригъӕды куы бацӕуа, ӕмӕ уый аххосӕй ӕппӕт адӕм дӕр азымджын куы фӕуой, уӕд Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат гал.


Моисей тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакодта гал. Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ галы сӕрыл ӕрӕвӕрдтой.


«Фӕдзур Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, райс дарӕстӕ, сӕрдӕн сой, тӕригъӕды нывондӕн — гал, стӕй дыууӕ фыры ӕмӕ донгонд дзулты чыргъӕд.


Ааронӕн загъта: «Дунедарӕджы размӕ тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕн род, иууылсудзинагӕн та — фыр. Сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ уой ӕнӕсахъат. Дунедарӕджы раз сӕ ӕрлӕууын кӕн.


Иу цӕу — тӕригъӕды нывондӕн, ссыгъдӕджы охыл тӕригъӕды нывонд ӕмӕ ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывондӕй уӕлдай, сӕ хуымилиаг ӕмӕ сӕнимӕ.


Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау — буарыдзыдӕй рарвыста Йӕ Фырты, ӕмӕ, адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн чи уыди, Фырты уыцы ӕрдзыхъӕд хаст ӕрцыди тӕригъӕды нывондӕн. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan