Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 16:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Уый уын уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд: афӕдз иу хатт ӕххӕст кӕнын хъӕудзӕн израилӕгты сӕ алы тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау». Аарон бакодта, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 16:34
14 Iomraidhean Croise  

Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ цӕст дарӕнт, цӕмӕй цырагъдарӕны цырӕгътӕ изӕрӕй райсоммӕ судзой Дунедарӕджы раз — Фембӕлды Цатыры мидӕг, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны фӕстӕ ис, уый раз. Уый — мыггагмӕйы уагӕвӕрд израилӕгтӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


Аарон ӕрвылаз ӕххӕст кӕнӕд нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау — йӕ сыкъатӕ-иу ын ссыгъдӕг кӕныны охыл сахорӕд тӕригъӕды нывонды тугӕй. Уыцы ӕгъдау ӕххӕст кӕнын хъӕудзӕн ӕрвылаз, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Нывондхӕссӕн Дунедарӕджы раз у иууылсыгъдӕг».


Моисей федта, адӕм Дунедарӕджы фӕдзӕхст кӕй сӕххӕст кодтой, ӕппӕт куыстытӕ дӕр кӕй фесты, уый ӕмӕ сын раарфӕ кодта.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Де ’фсымӕр Ааронӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй алы рӕстӕджы ма хиза мидӕмбӕрзӕны уылты — Рухсмонуатмӕ, Фидыды Чырыны сӕры размӕ, науӕд амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ-иу Ӕз Фидыды Чырыны сӕрмӕ фӕзындзынӕн ӕврагъы мидӕг.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фехъусын кӕн Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, стӕй ӕппӕт израилӕгтӕн: Дунедарӕг уын фӕдзӕхсы:


Мацы-иу бакусут уыцы бон, уымӕн ӕмӕ уый у Тӕригъӕдтӕ ныббарыны бон. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, уыцы бон сӕххӕст вӕййы уӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.


Мацы-иу бакусут. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрат, уым.


Моисей уыдӕттӕ израилӕгтӕн радзырдта, ӕмӕ уыдон бакодтой, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ: ӕлгъитӕджы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ ракодтой ӕмӕ йӕ дурты бын фӕкодтой.


Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: кӕмдӕриддӕр цӕрат, кусарты фиутӕ ӕмӕ тугӕй уӕхи макуы фӕхъӕстӕ кӕнут».


Уыцы мӕйы дӕсӕм бон та уын уӕд уазӕмбырд; ком-иу дарут ӕмӕ-иу мацы бакусут.


Уымӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдоны иу нывондӕй мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр скодта ӕнаипп.


Фӕлӕ ӕрвылазы нывӕндтӕ ӕрмӕстдӕр тӕригъӕдтӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынӕн сты,


Алчер ӕрвылаз нывонды тугимӕ Рухсмонуатмӕ куыд цыд, Йесо афтӕ бирӕ хӕттыты Йӕхи нывондӕн хӕссынмӕ нӕ цыди.


дыккаг уатмӕ та — ӕрмӕстдӕр алчер, афӕдз иу хатт, тугимӕ, ӕмӕ-иу ӕй нывондӕн ӕрхаста йӕхи тӕригъӕдты, стӕй, адӕм ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдоны тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan