30 Уыцы бон ӕххӕстгонд цӕудзӕн уӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ Дунедарӕджы раз ссыгъдӕг уыдзыстут уӕ алы тӕригъӕдӕй.
Ӕз та — Хуыцауы хӕдзары цъӕх чи дары, уыцы оливӕ бӕласау, Хуыцауы хорзӕхыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн мыггагмӕ.
Едомаг Доег Саулмӕ кӕй бацыди ӕмӕ Давиды, Ахимелехы хӕдзары йӕ федтон, зӕгъгӕ, кӕй банымыгъта, уый фӕдыл.
Уый тыххӕй дӕ Хуыцау фесафдзӕни ӕнусмӕ, фелвасдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ фехсдзӕни дӕ цатырӕй, ӕд уидаг дӕ срӕдувдзӕни удӕгӕсты зӕххӕй.
Мӕ разы цы тӕригъӕдтӕ фӕкодтой, уыдонӕй сӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн. Мӕ ныхмӕ-иу куы сыстадысты, уӕд цы фыдракӕндтӕ арӕзтой, уыдон сын ныббардзынӕн.
«Ӕвдӕм мӕйы дӕсӕм бон уыдзӕни Тӕригъӕдтӕ ныббарыны бон, ӕмӕ-иу уазӕмбырд скӕнут: ком дарут ӕмӕ-иу Дунедарӕгӕн арты нывӕндтӕ ӕрхӕссут.
Мацы-иу бакусут уыцы бон, уымӕн ӕмӕ уый у Тӕригъӕдтӕ ныббарыны бон. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, уыцы бон сӕххӕст вӕййы уӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.
цӕмӕй йӕ цӕхса дон ӕмӕ ныхасӕй ӕмӕ йӕ афтӕмӕй снывонд кӕна Хуыцауӕн.
Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.