3 Уаз Цӕрӕнмӕ бацӕуын йӕ зӕрды куы уа, уӕд Аарон тӕригъӕды нывондӕн хъуамӕ ӕрбакӕна гал, иууылсудзинагӕн та — фыр.
Искӕмӕн йӕ иууылсудзинаг нывонд лыстӕг фосӕй куы уа, фыс кӕнӕ сӕгъ, уӕд нывондӕн хъуамӕ ӕрхӕсса ӕнӕсахъат фыр кӕнӕ ӕнӕсахъат цӕу.
Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа.
Йӕхи тыххӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссӕд гал ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд йӕхи ӕмӕ йӕ хӕдзаронты тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.
Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста,
алчер тӕригъӕды куы бацӕуа, ӕмӕ уый аххосӕй ӕппӕт адӕм дӕр азымджын куы фӕуой, уӕд Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат гал.
Моисей тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакодта гал. Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ галы сӕрыл ӕрӕвӕрдтой.
Моисей иууылсудзинаг нывондӕн ӕрбакодта фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрдтой.
Ааронӕн загъта: «Дунедарӕджы размӕ тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕн род, иууылсудзинагӕн та — фыр. Сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ уой ӕнӕсахъат. Дунедарӕджы раз сӕ ӕрлӕууын кӕн.
Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕной цӕу, иууылсудзинагӕн та — афӕдздзыд уӕныг ӕмӕ фыргуист, сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ уой ӕнӕсахъат.
Иу хатт ӕмӕ ӕнусмӕ Чырысти бацыди Рухсмонуатмӕ — нывондаг сӕгътӕ ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ ӕмӕ нӕ мыггагмӕ фервӕзын кодта тӕригъӕды азымӕй.
дыккаг уатмӕ та — ӕрмӕстдӕр алчер, афӕдз иу хатт, тугимӕ, ӕмӕ-иу ӕй нывондӕн ӕрхаста йӕхи тӕригъӕдты, стӕй, адӕм ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдоны тыххӕй.