Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 16:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Чи сӕ басудза, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс ӕмӕ йӕхи цынайӕд, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуыны бар.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 16:28
10 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ, адӕймаг кӕмӕй фӕчъизи вӕййы, уыцы цӕрӕгойтӕ. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Ахӕм цӕрӕгойы мард чидӕриддӕр йӕ къухмӕ сиса, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг та изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Йӕ дзидзайӕ йын чи фӕхъӕстӕ уа, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Уыцы цӕрӕгойы мард йӕ къухмӕ чи сиса, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг.


Йӕ хуыссӕныл ын чи бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Цӕу Азазелмӕ чи аскъӕрдта, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс ӕмӕ йӕхи цынайӕд, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуыны бар.


Дыгӕрдыджы сыгъдон сӕмбырдгӕнӕг дӕр цӕхсӕд йӕ дарӕс; чъизи уыдзӕн изӕрмӕ. Израилӕгтӕн ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕн уый уӕд мыггагмӕйы фӕтк.


Уый фӕстӕ сауджын хъуамӕ йӕ дарӕс цӕхса, йӕхи цынайа, ӕмӕ йын уӕд рӕсӕнуатмӕ аздӕхӕн ис, фӕлӕ чъизийыл нымад уыдзӕн изӕрмӕ.


Дыгӕрдыджы мард чи басыгъта, уыцы адӕймаг дӕр хъуамӕ цӕхса йӕ дарӕс ӕмӕ йӕхи цынайа; чъизи уыдзӕн изӕрмӕ.


Цӕмӕй ссыгъдӕг уой, уый тыххӕй та сын бакӕн афтӕ: бапырх сыл кӕн тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн дон, сӕрдасӕнӕй ӕрдасӕнт сӕ буар ӕнӕхъӕнӕй, сӕ дарӕс цӕхсӕнт, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзысты.


Йесо йын загъта: «Ӕхсадӕн ӕрмӕст йӕ къӕхтӕ цӕхсын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ӕгасӕй дӕр сыгъдӕг у. Сымах дӕр сыгъдӕг стут, ӕрмӕст уе ’ппӕт нӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan