26 Цӕу Азазелмӕ чи аскъӕрдта, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс ӕмӕ йӕхи цынайӕд, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуыны бар.
Мӕнӕ, адӕймаг кӕмӕй фӕчъизи вӕййы, уыцы цӕрӕгойтӕ. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Ахӕм цӕрӕгойы мард чидӕриддӕр йӕ къухмӕ сиса, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг та изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕй дзӕмбытӕ кӕуыл ис, уыдон иууылдӕр ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Ахӕм цӕрӕгойы мард йӕ къухмӕ чи сиса, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс, йӕхӕдӕг та изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Ахӕм цӕрӕгойтӕ ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн.
Ацы хилӕгойтӕ ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Ахӕм цӕрӕгойы мард цӕуылдӕриддӕр ӕрхауа, уый фӕчъизи уыдзӕн — хъӕдӕй конд уа, хъуымацӕй, цармӕй ӕви кӕттагӕй — цавӕрфӕнды кусӕн дзаума уӕд. Доны йӕ ныхсын хъӕудзӕн. Уыцы дзаума изӕрмӕ баззайдзӕн ӕнӕсыгъдӕгӕй, уый фӕстӕ та ногӕй ссыгъдӕг уыдзӕн.
Хӕрын уын цы цӕрӕгойы фыд ӕмбӕлы, ахӕм ныххӕдмӕл ис, зӕгъгӕ, уӕд, чи йыл бандзӕва, уый ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн изӕрмӕ.
Йӕ дзидзайӕ йын чи фӕхъӕстӕ уа, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Уыцы цӕрӕгойы мард йӕ къухмӕ чи сиса, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг.
Сыгъдӕггонд чи цӕуы, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕ хил иууылдӕр адасӕд, йӕхи цынайӕд ӕмӕ уӕд уыдзӕни сыгъдӕг. Уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуын, ӕцӕг ма-иу авд боны дӕргъы баззайӕд йӕ цатыры ӕдде.
Чи сыл бандзӕва, уый дӕр ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ-иу йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг.
Тӕригъӕд ныббарыны охыл нывондӕн хаст ӕрцӕуӕд, зӕгъгӕ, йӕ хал цы цӕуӕн схауа, уый та-иу Дунедарӕджы раз удӕгасӕй баззайӕд, цӕмӕй ӕххӕстгонд ӕрцӕуа адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау ӕмӕ йӕ аскъӕрой ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Азазелмӕ.
Тӕригъӕды нывӕндтӕн-иу сӕ фиутӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд.
Чи сӕ басудза, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс ӕмӕ йӕхи цынайӕд, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуыны бар.
Цӕуты тыххӕй хӕлттӕ сӕппарӕд: иу дзы хъӕуы Дунедарӕгӕн нывондӕн ӕрхӕссын, иннӕ та — ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Азазелмӕ, аскъӕрын.
Уый сын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд. Сыгъдӕггӕнӕн дон чи пырх кодта, уый хъуамӕ цӕхса йӕ дарӕс. Сыгъдӕггӕнӕн донмӕ чи бавнӕлдта, уый изӕрмӕ чъизийӕ баззайдзӕни.
Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алцӕмӕй дӕр ӕнаипп ницы скодта. Ныр та лӕвӕрд ӕрцыди, Хуыцаумӕ кӕй фӕрцы хӕстӕгдӕр кӕнӕм, ахӕм хуыздӕр зӕрдӕдарӕн.