25 Тӕригъӕды нывӕндтӕн-иу сӕ фиутӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд.
Уый фӕстӕ райс, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый, игӕры ӕфтуанхай, стӕй уыргтӕ ӕд фиу. Нывондхӕссӕныл сӕ басудз.
Стӕй-иу йӕхи Уаз бынаты цынайӕд, скӕнӕд йе ’рвылбоны дарӕс, ӕддӕмӕ рацӕуӕд ӕмӕ ӕрхӕссӕд иууылсудзинаг нывӕндтӕ: иу — йӕхи тыххӕй, иннӕ та — адӕмы тыххӕй. Афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд йӕхи тӕригъӕдтӕ, стӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.
Цӕу Азазелмӕ чи аскъӕрдта, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс ӕмӕ йӕхи цынайӕд, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуыны бар.
Йӕхи тыххӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссӕд гал ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд йӕхи ӕмӕ йӕ хӕдзаронты тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.
Фидыды нывондӕн йӕ хуылфыдзаумӕтты фиу иууылдӕр Дунедарӕгӕн ӕрхӕссӕд арты нывондӕн,
Кусартӕн йӕ фиутӕ фӕхицӕн кӕнӕд ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд.