Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 16:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Стӕй-иу йӕхи Уаз бынаты цынайӕд, скӕнӕд йе ’рвылбоны дарӕс, ӕддӕмӕ рацӕуӕд ӕмӕ ӕрхӕссӕд иууылсудзинаг нывӕндтӕ: иу — йӕхи тыххӕй, иннӕ та — адӕмы тыххӕй. Афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд йӕхи тӕригъӕдтӕ, стӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 16:24
14 Iomraidhean Croise  

Аароны фырттӕн бауаф хӕдӕттӕ, рӕттӕ ӕмӕ сӕрылбӕттӕнтӕ — кад ӕмӕ аивы нысанӕн.


Ӕппӕт уыцы дарӕстӕ скӕн де ’фсымӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл. Уыйфӕстӕ оливӕйы сойӕ байсӕрд Аарон ӕмӕ йӕ фыртты, срухс сӕ кӕн ӕмӕ сӕ сауджынлӕггадӕн снывонд кӕн, ӕмӕ уой Мӕ сауджынтӕ.


Сауджынтӕ-иу уырдӕм куы бацӕуой, уӕд-иу уыцы Кувӕндонӕй ма рацӕуӕнт ӕддаг кӕртмӕ, цалынмӕ, уаз куыст цы дарӕсты кодтой, уыдон уым ныууадзой, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы дарӕстӕ уаз сты. Скӕнӕнт-иу ӕндӕр дарӕстӕ, ӕмӕ сын уӕд ӕмбӕлдзӕн адӕммӕ рацӕуын».


Ӕвдӕм бон та адасӕд йӕ сӕр, йӕ зачъетӕ ӕмӕ йе ’рфгуытӕ — йӕ хил иууылдӕр, ныхсӕд йӕ дарӕс, йӕхи цынайӕд, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзӕн.


Тӕригъӕды нывӕндтӕн-иу сӕ фиутӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд.


— уыдӕттӕй истӕуыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Цалынмӕ йӕхи нӕ цынайа, уӕдмӕ йын кувинӕгтӕй хӕрыны бар нӕй.


Ааронӕн та Моисей загъта: «Нывондхӕссӕны размӕ бацу ӕмӕ дӕхи тыххӕй тӕригъӕды нывонд ӕмӕ иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕсс, цӕмӕй барст ӕрцӕуой дӕхи тӕригъӕдтӕ ӕмӕ адӕмы тӕригъӕдтӕ. Адӕмы номӕй ӕрбахӕсс хуын, цӕмӕй сӕххӕст кӕнай адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау, Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ».


Уыцы нывӕндтӕ ӕрмӕстдӕр хӕрды, нозты ӕмӕ буар ссыгъдӕджы ӕгъдӕуттимӕ баст сты, буармӕ чи хауы, ахӕм домӕнтӕ; уыдон ӕххӕстгӕнинаг уыдысты, цалынмӕ хуыздӕр уагӕвӕрд нӕ фӕзынди, уӕдмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan