Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 16:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Аарон-иу бацӕуӕд Фембӕлды Цатырмӕ, Рухсмонуатмӕ бацӕуыны размӕ йӕ уӕлӕ цы гӕн дарӕс скодта, уый-иу раласӕд ӕмӕ-иу ӕй уым ныууадзӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 16:23
8 Iomraidhean Croise  

Сауджынтӕ-иу уырдӕм куы бацӕуой, уӕд-иу уыцы Кувӕндонӕй ма рацӕуӕнт ӕддаг кӕртмӕ, цалынмӕ, уаз куыст цы дарӕсты кодтой, уыдон уым ныууадзой, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы дарӕстӕ уаз сты. Скӕнӕнт-иу ӕндӕр дарӕстӕ, ӕмӕ сын уӕд ӕмбӕлдзӕн адӕммӕ рацӕуын».


Фӕлӕ-иу сӕ ӕддаг кӕртмӕ рацӕуын куы хъӕуа, адӕмы размӕ, уӕд-иу раласӕнт, цы дарӕсты лӕггад кодтой, уыдон, ныууадзӕнт-иу сӕ уаз агъуыстыты ӕмӕ-иу скӕнӕнт ӕндӕр дарӕстӕ, цӕмӕй сӕ уаз дарӕстӕй адӕмӕй макӕуыл бандзӕвой.


Цӕу израилӕгты фыдракӕндтӕ иууылдӕр ахӕсдзӕн ӕдзӕрӕг ранмӕ. Уым-иу ӕй ауадзӕд.


Йӕ уӕлӕ-иу скӕнӕд уаз хӕдон ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф, йӕ астӕуыл ӕрбабӕттӕд рон, йӕ сӕрыл та-иу сарыхъ ӕркӕнӕд, се ’ппӕт дӕр — гӕн хъуымацӕй. Уыдон уаз дарӕс сты, ӕмӕ-иу се скӕныны размӕ йӕхи цынайӕд.


Уый фӕстӕ йӕ дарӕс раивӕд ӕмӕ фӕнык рӕсӕнуатӕй сыгъдӕг ранмӕ ахӕссӕд.


Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау — буарыдзыдӕй рарвыста Йӕ Фырты, ӕмӕ, адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн чи уыди, Фырты уыцы ӕрдзыхъӕд хаст ӕрцыди тӕригъӕды нывондӕн. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн,


афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕни тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan