Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 16:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Цӕу израилӕгты фыдракӕндтӕ иууылдӕр ахӕсдзӕн ӕдзӕрӕг ранмӕ. Уым-иу ӕй ауадзӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 16:22
13 Iomraidhean Croise  

Суадӕттӕ ауадзыс дӕлвӕзты ӕмӕ атындзынц хӕхты ’хсӕнты.


Донбылтыл цӕрынц уӕларвон мӕргътӕ, сыфтӕрты ’хсӕнӕй хъуысы сӕ зарын.


Уымӕй размӕ цы фыдракӕндтӕ сарӕзта, уыдон ын йӕ цӕстмӕ нӕ бадардӕуыдзӕн ӕмӕ, цы раст хъуыддӕгтӕ кӕна, уыдоны фӕрцы цӕрдзӕн.


Ды та-иу дӕ галиу фарсыл ӕрхуысс ӕмӕ-иу дӕхиуыл Израилы адӕмы тӕригъӕд сӕвӕр. Дӕ фарсыл цал боны фӕхуыссай, уал боны сӕ тӕригъӕдтӕ уыдзысты дӕ уӕлӕ.


Хъотырӕй чи сдзӕбӕх ис, ууыл уыцы тугӕй авд хатты бапырх кӕнӕд ӕмӕ йӕ адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Удӕгас маргъы та ауадзӕд.


Йӕ дыууӕ къухы-иу цӕуы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ-иу афтӕмӕй басӕттӕд израилӕгты ӕппӕт азымыл, се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ се ’ппӕт тӕригъӕдтыл — цӕуы сӕрыл сӕ сӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй цумайы лӕгимӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ арвитӕд.


Аарон-иу бацӕуӕд Фембӕлды Цатырмӕ, Рухсмонуатмӕ бацӕуыны размӕ йӕ уӕлӕ цы гӕн дарӕс скодта, уый-иу раласӕд ӕмӕ-иу ӕй уым ныууадзӕд.


Ныббардзӕн та нын, ссыгъдӕг нын кӕндзӕн нӕ тӕригъӕдтӕ, денджызы арфмӕ сӕ нывзилдзӕни.


Дыккаг бон Иоанн кӕсы, ӕмӕ йӕм Йесо ӕрбацӕуы, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк, дунейы тӕригъӕдтӕ Чи ахӕсдзӕни, Уый.


Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй — нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл ауыгъд чидӕриддӕр ӕрцыди, уый ӕлгъыст у».


афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕни тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ.


Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan