Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 16:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Йӕ дыууӕ къухы-иу цӕуы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ-иу афтӕмӕй басӕттӕд израилӕгты ӕппӕт азымыл, се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ се ’ппӕт тӕригъӕдтыл — цӕуы сӕрыл сӕ сӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй цумайы лӕгимӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ арвитӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 16:21
16 Iomraidhean Croise  

Цалынмӕ Езра, зӕххыл ныддӕлгом ис, афтӕмӕй Хуыцауы раз куыдта ӕмӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кодта, уӕдмӕ йӕ алыварс ӕрӕмбырд ис бирӕ адӕм — израилӕгтӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй — ӕмӕ уыдон дӕр куыдтой ӕмӕ дзынӕзтой.


Рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон Ын ӕхцон сты, Йӕ хорзӕхӕй йемыдзаг у зӕхх.


Цы ’ппӕлыс дӕ фыдракӕндӕй, тыхджын? Хуыцауы хорзӕх иудадзыг мемӕ ис.


Фембӕлды Цатыры размӕ ӕрбакӕн гал, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт.


Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ’мбӕхсы, уый ӕнтыстджын нӕ уыдзӕн; чи сыл басӕтты ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уый та уыдзӕнис хатыргонд.


Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау, ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл, Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта не ’ппӕты азым.


Иууылсудзинаг нывонды сӕрыл йӕ къух ӕрӕвӕрӕд, цӕмӕй йын ӕй айстӕуа ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой.


Рухсмонуат, Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау куы сӕххӕст кӕна, уӕд-иу Аарон удӕгас цӕу ӕрбакӕнӕд.


Цӕу израилӕгты фыдракӕндтӕ иууылдӕр ахӕсдзӕн ӕдзӕрӕг ранмӕ. Уым-иу ӕй ауадзӕд.


Ӕмӕ уӕд басӕтдзысты сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты азымыл — иузӕрдион Мыл кӕй нӕ разындысты ӕмӕ Мӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, ууыл.


Ацы хъуыддӕгтӕй искӕцыйы тыххӕй чи фӕазымджын уа, уый-иу йӕ тӕригъӕдыл басӕттӕд.


Уымӕн ӕмӕ, уырнындзинад йӕ зӕрдӕйӕ кӕмӕн цӕуы, уый схайджын вӕййы рӕстадӕй, ӕмӕ йыл ӕргомӕй чи дзуры, уый ирвӕзындзинад райсдзӕн.


Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan