Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 16:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уый фӕстӕ-иу, Дунедарӕджы раз цы нывондхӕссӕн ис, уымӕ рацӕуӕд ӕмӕ йын сӕххӕст кӕнӕд йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. Гал ӕмӕ цӕуы тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ байсӕрдӕд,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 16:18
14 Iomraidhean Croise  

Аарон ӕрвылаз ӕххӕст кӕнӕд нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау — йӕ сыкъатӕ-иу ын ссыгъдӕг кӕныны охыл сахорӕд тӕригъӕды нывонды тугӕй. Уыцы ӕгъдау ӕххӕст кӕнын хъӕудзӕн ӕрвылаз, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Нывондхӕссӕн Дунедарӕджы раз у иууылсыгъдӕг».


Райс-иу ын йӕ тугӕй ӕмӕ дзы бапырх кӕн нывондхӕссӕны цыппар сыкъайы, стӕй, нывондхӕссӕн цы къӕпхӕныл лӕууы, уый цыппар фисыны, ноджы ма, бындуры кӕрӕтты алырдыгӕй цы цыхцырӕг къахт ис, ууыл, ӕмӕ-иу афтӕмӕй сӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау.


Дыккаг бон-иу тӕригъӕды нывондӕн сӕгъты дзугӕй ӕрхӕсс ӕнӕсахъат цӕу. Нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау-иу сӕххӕст кӕнӕнт, нывонд уӕныджы тугӕй йӕ куыд сӕххӕст кодтой, афтӕ.


Сауджын-иу уыцы тӕригъӕды нывонды тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы бапырх кӕнӕд Кувӕндоны дуары тарвӕзтӕ, стӕй, нывондхӕссӕн цы къӕпхӕныл лӕууы, уымӕн йӕ цыппар фисыны, ноджы ма — мидӕггаг кӕрты кулдуары цӕджындзтӕ.


Афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд, израилӕгтӕ сӕ фыдракӕндтӕй ӕмӕ се ’ппӕт тӕригъӕдтӕй цы Уаз Цӕрӕн фӕчъизи кодтой, уый ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. Афтӕ-иу бакӕнӕд Фембӕлды Цатырӕн дӕр — Израилы адӕмӕн сӕ астӕу чи ис ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕй кӕй фӕчъизи кодтой, уымӕн.


Аарон-иу Рухсмонуатмӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕнынмӕ куы бацӕуа, уӕд хъуамӕ Фембӕлды Цатыры иунӕг адӕймаг дӕр ма уа, цалынмӕ фӕстӕмӕ рацӕуа, уӕдмӕ. Афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзӕн йӕхи, йӕ хӕдзаронты ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.


Фембӕлды Цатыры мидӕг цы нывондхӕссӕн ис Дунедарӕджы раз, уымӕн дзы йӕ сыкъатӕ сахорӕд. Тугӕй ма цы баззайа, уый та Цатыры къӕсӕры раз, иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Сауджын йе ’нгуылдзыл тӕригъӕды нывонды тугӕй сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Фембӕлды Цатыры мидӕг Дунедарӕджы раз цы будсудзӕн нывондхӕссӕн ис, уымӕн дӕр йӕ сыкъатӕ галы тугӕй сахорӕд. Тугӕй ма цы баззайа, уый иууылдӕр, Цатыры къӕсӕры раз цы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн ис, уый рӕбын акалӕд.


Ӕмӕ ма иу цӕу та — тӕригъӕды нывондӕн, уӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны охыл.


Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи нывонд кӕнын Дӕуӕн, цӕмӕй уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу бауой.


Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕггӕнӕг дӕр, стӕй, чи ссыгъдӕг, уыдон дӕр иунӕг Хуыцауӕй сты. Уымӕн нӕ нымайы Чырысти Йӕхицӕн ӕгадыл уыдоны Йе ’фсымӕртӕ хонын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan