Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 16:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд, израилӕгтӕ сӕ фыдракӕндтӕй ӕмӕ се ’ппӕт тӕригъӕдтӕй цы Уаз Цӕрӕн фӕчъизи кодтой, уый ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. Афтӕ-иу бакӕнӕд Фембӕлды Цатырӕн дӕр — Израилы адӕмӕн сӕ астӕу чи ис ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕй кӕй фӕчъизи кодтой, уымӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 16:16
12 Iomraidhean Croise  

Аарон ӕрвылаз ӕххӕст кӕнӕд нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау — йӕ сыкъатӕ-иу ын ссыгъдӕг кӕныны охыл сахорӕд тӕригъӕды нывонды тугӕй. Уыцы ӕгъдау ӕххӕст кӕнын хъӕудзӕн ӕрвылаз, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Нывондхӕссӕн Дунедарӕджы раз у иууылсыгъдӕг».


Аарон-иу Рухсмонуатмӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕнынмӕ куы бацӕуа, уӕд хъуамӕ Фембӕлды Цатыры иунӕг адӕймаг дӕр ма уа, цалынмӕ фӕстӕмӕ рацӕуа, уӕдмӕ. Афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзӕн йӕхи, йӕ хӕдзаронты ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.


Уый фӕстӕ-иу, Дунедарӕджы раз цы нывондхӕссӕн ис, уымӕ рацӕуӕд ӕмӕ йын сӕххӕст кӕнӕд йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. Гал ӕмӕ цӕуы тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ байсӕрдӕд,


«Ӕвдӕм мӕйы дӕсӕм бон уыдзӕни Тӕригъӕдтӕ ныббарыны бон, ӕмӕ-иу уазӕмбырд скӕнут: ком дарут ӕмӕ-иу Дунедарӕгӕн арты нывӕндтӕ ӕрхӕссут.


Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын йе ’нгуылдзыл систа ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста, цӕмӕй нывондхӕссӕн срухс кӕна. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалдта. Афтӕмӕй, тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кодта.


Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, растдӕриддӕр афтӕ бакодта.


Ӕрвылбоны иууылсудзинагӕй уӕлдай ма Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссын хъӕуы цӕу, йемӕ та — сӕн.


Куы ацӕуон ӕмӕ уын бынат куы ӕрцӕттӕ кӕнон, уӕд та уӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ райсдзынӕн Мӕхимӕ, цӕмӕй сымах дӕр уат, Ӕз кӕм дӕн, уым.


Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan