Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 16:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уый фӕстӕ Аарон адӕмы тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй аргӕвдӕд цӕуы. Йӕ туг ын мидӕмбӕрзӕны уылты бахӕссӕд ӕмӕ, галы тугӕй куыд бапырх кодта, афтӕ уымӕй дӕр бапырх кӕнӕд Фидыды Чырыны сӕр ӕмӕ йӕ разы зӕхх.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 16:15
15 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Де ’фсымӕр Ааронӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй алы рӕстӕджы ма хиза мидӕмбӕрзӕны уылты — Рухсмонуатмӕ, Фидыды Чырыны сӕры размӕ, науӕд амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ-иу Ӕз Фидыды Чырыны сӕрмӕ фӕзындзынӕн ӕврагъы мидӕг.


Галӕн йӕ мард та рӕсӕнуатӕй хъӕуы рахӕссын ӕмӕ басудзын, алчерӕн йӕхи тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн цы галы ӕрхастӕуа, уымӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Уый у адӕмы тӕригъӕды тыххӕй хаст нывонд.


Уый фӕстӕ алчер галы тугӕй сисӕд, Фембӕлды Цатырмӕ йӕ бахӕссӕд


Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, растдӕриддӕр афтӕ бакодта.


Ӕрвылбоны иууылсудзинагӕй уӕлдай ма Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссын хъӕуы цӕу, йемӕ та — сӕн.


Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.


Уымӕ гӕсгӕ уый хъуамӕ йӕхи тыххӕй дӕр хӕсса тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕмӕ адӕмы тыххӕй дӕр.


Уый махӕн науӕнгуырау у ӕдас ӕмӕ фидар ӕмӕ кӕны Рухсмонуаты рӕбинаг хаймӕ — фӕсӕмбӕрзӕнмӕ,


Уый иннӕ алчерты хуызӕн нӕу: ӕрвылбон Ӕй раздӕр Йӕхи тӕригъӕдты, уый фӕстӕ та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ хӕссыны сӕр нӕ хъӕуы. Йесо уый бакодта иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ, Йӕхи нывондӕн куы ӕрхаста, уӕд.


Иу хатт ӕмӕ ӕнусмӕ Чырысти бацыди Рухсмонуатмӕ — нывондаг сӕгътӕ ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ ӕмӕ нӕ мыггагмӕ фервӕзын кодта тӕригъӕды азымӕй.


Чи фӕчъизи ис, уыдон кӕд сӕгътӕ ӕмӕ галты туг, стӕй нывонд дыгӕрдыджы ӕртхутӕг бапырх кӕныны руаджы ссыгъдӕг вӕййынц Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ,


Дыккаг ӕмбӕрзӕны фӕстӕ цы агъуыст уыдис, уый та хуынди Рухсмонуат.


дыккаг уатмӕ та — ӕрмӕстдӕр алчер, афӕдз иу хатт, тугимӕ, ӕмӕ-иу ӕй нывондӕн ӕрхаста йӕхи тӕригъӕдты, стӕй, адӕм ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдоны тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan