14 Уый фӕстӕ галы тугӕй йе ’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ дзы Фидыды Чырыны сӕр скӕсӕнӕрдыгӕй иу хатт бапырх кӕнӕд, йӕ разы зӕхх та — авд хатты.
стӕй йе ’нгуылдзӕй нывондхӕссӕн авд хатты тугӕй бапырх кӕнӕд. Афтӕмӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнӕд израилӕгты тӕригъӕдтӕй ӕмӕ йӕ срухс кӕнӕд.
ӕмӕ дзы йе ’нгуылдзӕй авд хатты бапырх кӕнӕд мидӕмбӕрзӕны цур, Дунедарӕджы раз.
Уый фӕстӕ сойӕ нывондхӕссӕн авд хатты бапырх кодта, байсӕрста йӕ йе ’ппӕт дзаумаимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ, цӕмӕй сӕ срухс кӕна.
Сауджын Елеазар кусарты тугӕй йе ’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатырыл авд хатты бапырх кӕнӕд.
Уӕдӕ нӕ ныфс ис, ӕфсымӕртӕ, Йесойы Туджы фӕрцы ног ӕмӕ царддӕттӕг фӕндагыл Рухсмонуатмӕ кӕй бацӕудзыстӕм, уымӕй.
уымӕн ӕмӕ галтӕ ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕ аиуварс кӕнӕн нӕй.
Ног Фидыды Ӕхсӕнылӕг Йесомӕ ӕмӕ, мах чи ссыгъдӕг кодта, Йӕ уыцы Тугмӕ — Авелы тугӕй уыцы Туг хуыздӕрыл дзуры.
Чи фӕчъизи ис, уыдон кӕд сӕгътӕ ӕмӕ галты туг, стӕй нывонд дыгӕрдыджы ӕртхутӕг бапырх кӕныны руаджы ссыгъдӕг вӕййынц Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ,
Уыцы тугӕй бапырх кодта Уаз цатырыл дӕр, стӕй дзы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн цы дзаумӕттӕ уыдис, уыдоныл дӕр.
Алчер ӕрвылаз нывонды тугимӕ Рухсмонуатмӕ куыд цыд, Йесо афтӕ бирӕ хӕттыты Йӕхи нывондӕн хӕссынмӕ нӕ цыди.
дыккаг уатмӕ та — ӕрмӕстдӕр алчер, афӕдз иу хатт, тугимӕ, ӕмӕ-иу ӕй нывондӕн ӕрхаста йӕхи тӕригъӕдты, стӕй, адӕм ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдоны тыххӕй.