Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 16:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Буд-иу Дунедарӕджы раз зынгыл ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ буды фӕздӕг Фидыды Чырыны сӕр ӕрӕмбӕрздзӕн, цӕмӕй Аарон ма амӕла.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 16:13
16 Iomraidhean Croise  

Фидыды Чырыны нывӕр, цы фӕдзӕхстытӕ дын ратдзынӕн, уыдон ӕмӕ йыл йӕ сӕр ӕрӕвӕр.


Уыцы хӕлӕфтӕ уӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл, Фембӕлды Цатырмӕ цӕугӕйӕ, кӕнӕ, Уаз Цӕрӕны уаз куыст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕнмӕ куы баввахс вӕййынц, уӕд, цӕмӕй азымджын ма фӕуой ӕмӕ ма амӕлой. Уый у мыггагмӕйы уагӕвӕрд Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн.


Акъацийӕ сараз будсудзӕн нывондхӕссӕн.


Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын ӕххӕст кӕнӕнт, цӕмӕй тӕригъӕды ма бацӕуой ӕмӕ ма амӕлой, сӕхи сыл кӕй атигъ кодтой, уый тыххӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы сты, Уый.


Ӕмӕ райста алчи йӕ будсудзӕн, зынджытӕ ӕмӕ дзы буд цӕвӕрдта ӕмӕ Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз ӕрлӕууыдысты, семӕ — Моисей ӕмӕ Аарон.


Моисей Ааронӕн загъта: «Дӕ будсудзӕн райс, нывӕр дзы нывондхӕссӕны зынджытӕй, стӕй буд ӕмӕ тагъддӕр цӕугӕ дзыллӕйы ’хсӕнмӕ, ссыгъдӕг сын кӕн сӕ тӕригъӕд. Дунедарӕджы маст рафыхти: рын сыстад!»


сӕ хуылфы сын зынджытӕ ӕмӕ буд цӕвӕрут ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕуут. Дунедарӕг кӕй равзара, сыгъдӕг уый у. Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, Левийы байзӕддӕгтӕ!»


Фӕндагмӕ уӕхи куы рӕвдз кӕнат, уӕд уал раздӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕмбӕрзӕнт, ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Кехаты фырттӕ хӕссынмӕ бацӕуӕнт: уаз дзауматӕй сын андзӕвӕн ницӕуыл ис, науӕд амӕлдзысты. Фембӕлды Цатыры уаз дзауматӕ хӕссын у Кехаты фыртты хӕс.


Кехаты байзӕддагӕн нӕдӕр бацӕуӕн, нӕдӕр сӕ цӕсты кӕронӕй бакӕсӕн ис уаз дзауматӕм, науӕд амӕлдзысты».


Уыдон амонынц Де ’гъдӕуттӕ Йаковӕн, Дӕ фӕдзӕхстытыл ахуыр кӕнынц Израилы; буд судзынц Дӕ разы, иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕвӕрынц Дӕ нывондхӕссӕныл.


Ӕмӕ, Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй.


Чырысти лӕджы къухӕй конд кувӕндонмӕ нӕ бацыд, ӕцӕг Кувӕндонӕн ӕрмӕстдӕр йӕ халдих чи у, ахӕммӕ, фӕлӕ ацыди комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan