Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 16:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 уӕд-иу, Дунедарӕджы раз цы нывондхӕссӕн ис, уый цӕхӕрӕй райсӕд будсудзӕны дзаг, йӕ дыууӕ армыдзаджы та — фӕхты хост буд ӕмӕ-иу сӕ мидӕмбӕрзӕны уылты бахӕссӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 16:12
13 Iomraidhean Croise  

Ноджы ма — сӕрдӕн сой ӕмӕ буд, Уаз Цӕрӕны судзынӕн. Алцыдӕр саразӕнт, куыддӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, афтӕ».


Бецалел ма ноджы сцӕттӕ кодта уаз сӕрдӕн сой, стӕй дӕсны арӕзт ӕмӕ сыгъдӕг хӕрздӕфгӕнӕн.


Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авигу сӕ будсудзӕнтӕ райстой, нывӕрдтой дзы судзгӕ ӕвзалытӕ ӕмӕ буд, ӕмӕ Дунедарӕджы размӕ нӕфӕтчиаг зынг бахастой, афтӕмӕй сын уый ахӕмӕй ницы бафӕдзӕхста.


Ӕмӕ райста алчи йӕ будсудзӕн, зынджытӕ ӕмӕ дзы буд цӕвӕрдта ӕмӕ Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз ӕрлӕууыдысты, семӕ — Моисей ӕмӕ Аарон.


Моисей Ааронӕн загъта: «Дӕ будсудзӕн райс, нывӕр дзы нывондхӕссӕны зынджытӕй, стӕй буд ӕмӕ тагъддӕр цӕугӕ дзыллӕйы ’хсӕнмӕ, ссыгъдӕг сын кӕн сӕ тӕригъӕд. Дунедарӕджы маст рафыхти: рын сыстад!»


Уыдон амонынц Де ’гъдӕуттӕ Йаковӕн, Дӕ фӕдзӕхстытыл ахуыр кӕнынц Израилы; буд судзынц Дӕ разы, иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕвӕрынц Дӕ нывондхӕссӕныл.


уӕд цас тыхджындӕр у, ӕнусон Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй — ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ лӕггад кӕндзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн.


дыккаг уатмӕ та — ӕрмӕстдӕр алчер, афӕдз иу хатт, тугимӕ, ӕмӕ-иу ӕй нывондӕн ӕрхаста йӕхи тӕригъӕдты, стӕй, адӕм ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдоны тыххӕй.


Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад, ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.


Зӕд райста будсудзӕн, байдзаг ӕй кодта нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй ӕмӕ йӕ фехста зӕхмӕ. Райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, арв нырттывта, ӕмӕ зӕхх нынкъуысти.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan