Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 16:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Тӕригъӕд ныббарыны охыл нывондӕн хаст ӕрцӕуӕд, зӕгъгӕ, йӕ хал цы цӕуӕн схауа, уый та-иу Дунедарӕджы раз удӕгасӕй баззайӕд, цӕмӕй ӕххӕстгонд ӕрцӕуа адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау ӕмӕ йӕ аскъӕрой ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Азазелмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 16:10
12 Iomraidhean Croise  

Хъотырӕй чи сдзӕбӕх ис, ууыл уыцы тугӕй авд хатты бапырх кӕнӕд ӕмӕ йӕ адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Удӕгас маргъы та ауадзӕд.


Цӕуты тыххӕй хӕлттӕ сӕппарӕд: иу дзы хъӕуы Дунедарӕгӕн нывондӕн ӕрхӕссын, иннӕ та — ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Азазелмӕ, аскъӕрын.


Дунедарӕджы номыл йӕ хал цы цӕуӕн схауа, уый Аарон ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн.


Хуыцау Ӕй снысан кодта фидауынгӕнӕг нывондӕн, цӕмӕй Йӕ Туджы фӕрцы барст ӕрцӕуой, чи Йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ рӕстдзинад — бирӕбыхсаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй,


Йесо нӕ тӕригъӕдты тыххӕй лӕвӕрд ӕрцыди мӕлӕтмӕ ӕмӕ райгас ис, цӕмӕй Хуыцауы раз мах сраст уӕм.


Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.


Уый у Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр.


Уарзондзинад цы у, уый мах базыдтам, Йесо нӕ сӕраппонд Йӕ цард кӕй радта, уымӕй. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ не ’фсымӕрты сӕраппонд дӕттӕм нӕ цард.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan