5 Йӕ хуыссӕныл ын чи бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Уӕд ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн, чи мыл ӕртыхсти, уыцы фыдгултыл ӕмӕ Дунедарӕджы Цатыры ӕрхӕсдзынӕн нывӕндтӕ, стаудзынӕн Ӕй, зардзынӕн Йӕ кадӕн.
Едомаг Доег Саулмӕ кӕй бацыди ӕмӕ Давиды, Ахимелехы хӕдзары йӕ федтон, зӕгъгӕ, кӕй банымыгъта, уый фӕдыл.
Уый тыххӕй дӕ Хуыцау фесафдзӕни ӕнусмӕ, фелвасдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ фехсдзӕни дӕ цатырӕй, ӕд уидаг дӕ срӕдувдзӕни удӕгӕсты зӕххӕй.
уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Аздӕх адӕммӕ. Абон ӕмӕ сӕ райсом ссыгъдӕг кӕн Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ, ныхсӕнт сӕ дарӕстӕ дӕр,
Уӕхи ӕрӕхсут, ссыгъдӕг кӕнут уӕхи! Уӕ фыдракӕндтӕ Мын мауал уынын кӕнут, уе ’взӕр митӕ ныууадзут!
Уӕларвӕфсады Бардарӕг мын загъта: «Ацы тӕригъӕд уын хатыргонд нӕ уыдзӕн уӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр». Афтӕ загъта Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Сыгъдӕг дон уыл бапырх кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕ ӕмӕ уе ’ппӕт гуымирытӕй.
Фервӕзын уӕ кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕй, ратдзынӕн уын хор ӕмӕ йӕ сбирӕ кӕндзынӕн, цӕмӕй стонг ма ӕвзарат.
Мӕнӕ, адӕймаг кӕмӕй фӕчъизи вӕййы, уыцы цӕрӕгойтӕ. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Ахӕм цӕрӕгойы мард чидӕриддӕр йӕ къухмӕ сиса, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг та изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Ахӕм цӕрӕгойы мард йӕ къухмӕ чи сиса, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс, йӕхӕдӕг та изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Ахӕм цӕрӕгойтӕ ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн.
Ахӕм цӕрӕгойы мард цӕуылдӕриддӕр ӕрхауа, уый фӕчъизи уыдзӕн — хъӕдӕй конд уа, хъуымацӕй, цармӕй ӕви кӕттагӕй — цавӕрфӕнды кусӕн дзаума уӕд. Доны йӕ ныхсын хъӕудзӕн. Уыцы дзаума изӕрмӕ баззайдзӕн ӕнӕсыгъдӕгӕй, уый фӕстӕ та ногӕй ссыгъдӕг уыдзӕн.
Ӕвдӕм бон та сауджын гӕбӕрмӕ ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд буарыл нӕ ахӕлиу ис, буары дӕр арф нӕ ныххызти, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ уыдзӕни сыгъдӕг.
Ӕвдӕм бон та сауджын ногӕй ӕркӕсӕд ӕфхӕлдмӕ. Кӕд фӕфӕлурсдӕр ис ӕмӕ буарыл нӕ ахӕлиу ис, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл: йӕ буар ӕнӕуи рафаста. Йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ уыдзӕни сыгъдӕг.
ӕмӕ дзы йӕ амонӕн ӕнгуылдзӕй Дунедарӕджы раз авд хатты бапырх кӕнӕд.
Нӕлгоймаг сылгоймагимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд-иу сӕхи цынайӕнт. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзысты.
Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый кӕм схуысса, уыцы хуыссӕн ӕнӕсыгъдӕг у; цӕуылдӕриддӕр ӕрбада, уый дӕр ӕнӕсыгъдӕг у.
Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый цӕуыл бадти, ууыл чи ӕрбада, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Цӕу Азазелмӕ чи аскъӕрдта, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс ӕмӕ йӕхи цынайӕд, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуыны бар.
Чи сӕ басудза, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс ӕмӕ йӕхи цынайӕд, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуыны бар.
Хӕдмӕл фосы кӕнӕ, сырдтӕ кӕй ныттоной, уымӕн йӕ фыд чидӕриддӕр бахӕра — израилаг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг — йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, уый фӕстӕ ссыгъдӕг уыдзӕн.
Дыгӕрдыджы сыгъдон сӕмбырдгӕнӕг дӕр цӕхсӕд йӕ дарӕс; чъизи уыдзӕн изӕрмӕ. Израилӕгтӕн ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕн уый уӕд мыггагмӕйы фӕтк.
Чъизи адӕймаг цӕмӕдӕриддӕр февнала, уый фӕчъизи уыдзӕни. Чъизи адӕймагӕн йӕхиуыл чи бандзӕва, уый та чъизи уыдзӕн изӕрмӕ».
ӕмӕ уӕдӕ хӕстӕгдӕр бацӕуӕм уырдӕм ӕнувыд зӕрдӕ ӕмӕ фидар уырнындзинадимӕ — сыгъдӕггонд ӕрцыдысты хӕрамӕй нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сыгъдӕг донӕй ӕрӕхсадӕуыд нӕ буар.
уӕд цас тыхджындӕр у, ӕнусон Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй — ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ лӕггад кӕндзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн.
Афтӕ куы уыдаид, уӕд Ӕй дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ бирӕ хӕттыты бахъуыдаид хъизӕмар кӕнын. Фӕлӕ Уый ӕрцыд иу хатт, рӕстӕджы кӕронмӕ, тӕригъӕд фесафыны сӕраппонд Йӕхи нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.
Ӕрбахӕстӕг ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм ӕрбахӕстӕг уыдзӕн. Ссыгъдӕг кӕнут уӕ къухтӕ, тӕригъӕдджынтӕ; ӕрӕхсут уӕ зӕрдӕтӕ, уӕ дызӕрдыгтӕ аиуварс кӕнут.
Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.
Уыцы бон Саул ницы сдзырдта. Афтӕ ӕнхъӕл уыд: «Уый ӕнӕнхъӕлӕджы хабар уыдзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, Давид сыгъдӕг нӕу».