4 Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый кӕм схуысса, уыцы хуыссӕн ӕнӕсыгъдӕг у; цӕуылдӕриддӕр ӕрбада, уый дӕр ӕнӕсыгъдӕг у.
Фӕнды ӕнӕсцухӕй лӕдӕрсӕд, фӕнды рӕстӕггай — нӕлгоймаг фӕчъизи уыдзӕн.
Йӕ хуыссӕныл ын чи бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Ма фӕсайды ут: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз миниуджытӕ сафӕг сты».
Ӕмӕ уын, талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгты чи архайы, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.
Сыгъдӕджытӕн ӕппӕт дӕр сыгъдӕг у; чи фӕчъизи ис, уыдонӕн ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕн та ӕппӕт дӕр у чъизи, уымӕн ӕмӕ сӕ зонд ӕмӕ сӕ цӕсгом фӕчъизи сты.