29 Ӕстӕм бон-иу райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны ӕмӕ сӕ ӕрбахӕссӕд сауджынмӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ.
Лӕппу кӕнӕ чызджы райгуырды фӕстӕ йе ссыгъдӕджы бонтӕ куы ахицӕн уой, уӕд Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, сауджынмӕ, ӕрбакӕнӕд фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн. Ноджы ма ӕрбахӕссӕд бӕдул бӕлон кӕнӕ ӕхсинӕг — тӕригъӕды нывондӕн.
Кӕд сылгоймагӕн нывондӕн фыргуист ӕрхӕссын йӕ къух нӕ амона, уӕд райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — иууылсудзинаг нывондӕн, иннӕ та — тӕригъӕды нывондӕн. Сауджын ын йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзӕн».
Ӕстӕм бон райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны ӕмӕ-иу ӕрбацӕуӕд Дунедарӕджы размӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, сауджынмӕ-иу сӕ раттӕд.
Сылгоймаг йӕ тугцыдӕй куы сдзӕбӕх уа, уӕд авд боны анымайӕд, ӕмӕ уый фӕстӕ уыдзӕни сыгъдӕг.
Сауджын мӕргътӕй иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы сылгоймаджы йӕ тугцыдӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау.
Ӕстӕм бон Моисей басидт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм.
Ӕстӕм бон та дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны хъуамӕ ратта сауджынмӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕрыл.
Йесо Кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ — уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй — се ’ппӕты дӕр ратардта, ӕхцаивджытӕн афӕлдӕхта сӕ фынгтӕ, бӕлонуӕйгӕнджытӕн — сӕ бандӕттӕ.