21 Йӕ хуыссӕныл ын чи бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг мын загъта: «Ацы тӕригъӕд уын хатыргонд нӕ уыдзӕн уӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр». Афтӕ загъта Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Мӕнӕ, адӕймаг кӕмӕй фӕчъизи вӕййы, уыцы цӕрӕгойтӕ. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг цӕуыл ӕрхуысса, уый фӕчъизи уыдзӕн; цӕуыл ӕрбада, уый дӕр афтӕ.
Цӕуыл бадти, ууыл чи бандзӕва, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Чъизи адӕймаг цӕмӕдӕриддӕр февнала, уый фӕчъизи уыдзӕни. Чъизи адӕймагӕн йӕхиуыл чи бандзӕва, уый та чъизи уыдзӕн изӕрмӕ».
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд ӕмӕ нын Хуыцау уыдӕттӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд бавдӕлӕм ӕмӕ, буар ӕмӕ уд цӕмӕй фӕчъизи вӕййынц, уыдӕттӕй нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, аргъуыцгӕнгӕ нӕхи снывонд кӕнӕм Хуыцауӕн.
Афтӕ куы уыдаид, уӕд Ӕй дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ бирӕ хӕттыты бахъуыдаид хъизӕмар кӕнын. Фӕлӕ Уый ӕрцыд иу хатт, рӕстӕджы кӕронмӕ, тӕригъӕд фесафыны сӕраппонд Йӕхи нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.
Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.