2 цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъой: «Йе ’рдон буарӕй цъӕй кӕмӕн цӕуа, уыцы нӕлгоймаг ӕнӕсыгъдӕг у.
Уыцы туджы азар Йоавы сӕрыл ӕмӕ йӕ мыггаджы фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд! Йоавы хӕдзар макуы схицӕн уӕд нӕлгоймаджы низтӕ ӕмӕ хъотырӕй, йӕ байзӕддӕгтӕ лӕдзӕджы ӕнцӕйтты цӕуӕнт, кардылӕфтыд фӕуӕнт ӕмӕ къӕбӕрӕй хъуаг ӕййафӕнт!».
О Дунедарӕг, ӕнусмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ? Артау кӕдмӕ судздзӕн Дӕ маст?
Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн бафӕдзӕхста,
Фӕнды ӕнӕсцухӕй лӕдӕрсӕд, фӕнды рӕстӕггай — нӕлгоймаг фӕчъизи уыдзӕн.
Аароны байзӕддӕгтӕй хъотырӕй рынчын чи уа кӕнӕ йӕ цъӕй кӕмӕн миза, уый кувинӕгтӕй ма хӕрӕд, цалынмӕ ссыгъдӕг уа, уӕдмӕ. Мардыл бандзӕвынӕй цы дзаума фӕчъизи ис, ууыл чи бандзӕва, йӕ мыг йӕхи ’гъдауӕй кӕмӕн акӕла,
Исчи адӕймаджы чъизитӕй истӕмӕ (цыфӕнды дӕр уӕд) ӕнӕрхъуыдыйӕ февнӕлдта ӕмӕ йӕ раздӕр нӕ бафиппайдта, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ бамбӕрста — азымджын уыдзӕн.
«Израилӕгтӕн зӕгъ, ӕмӕ рӕсӕнуатӕй арвитой, хъотыр кӕуыл ис, йӕ цъӕй кӕмӕн мизы, марды буарыл бандзӕвгӕйӕ чи фӕчъизи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр.
Уым уыди, дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг цӕуынӕй кӕмӕн не ’нцад, иу ахӕм сылгоймаг. Фӕстӕрдыгӕй Йӕм бацыд ӕмӕ Йын андзӕвыд Йӕ пӕлӕзы кӕроныл,
Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы йӕ туг цӕуынӕй не ’нцади.
Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг йӕ цӕуынӕй не ’нцад. Йе ’ппӕт мулк дӕр дохтыртыл бахардз кодта, фӕлӕ йӕ сдзӕбӕх кӕнын никӕй бон баци.
Бӕгуыдӕр. Стыр пайда у алцыппӕтӕй дӕр. Сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхӕстӕ уыдоны ӕвджид бакодта.