18 Нӕлгоймаг сылгоймагимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд-иу сӕхи цынайӕнт. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзысты.
Давид арвыста йӕ дӕлдӕрты, ӕрбакӕнут ӕй, зӕгъгӕ. Уый ӕрбацыди, ӕмӕ Давид йемӕ ӕрӕмуат ис (сылгоймаг йӕ чъизийӕ уый хӕдразмӕ ссыгъдӕг ис), ӕмӕ уый фӕстӕ Вирсави йӕ хӕдзармӕ аздӕхт.
Фыддзинад дын хорз ракӕнынӕй — ӕхцондӕр, мӕнгдзинад та — раст ныхӕстӕ дзурынӕй.
ӕмӕ сын Моисей загъта: «Уӕхи цӕттӕ кӕнут иннӕбонмӕ. Сылгоймагмӕ ӕмгӕрон ма ’рцӕут».
Нӕлгоймагӕн йӕ мыг йӕхи ’гъдауӕй куы акӕла, уӕд-иу йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй цӕхсӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Йӕ мыг цыфӕнды хъуымацыл кӕнӕ сӕрак дзаумайыл куы аззайа, уӕд ӕй хъӕудзӕн доны ныхсын. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Йӕ хуыссӕныл ын чи бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Ис мын алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ мын алцы пайда нӕу. Ис мын алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ хъуамӕ мацӕй цагъар суон.
Уӕхи хизут хӕтынӕй: адӕймаг цыдӕриддӕр тӕригъӕды бацӕуы, уый буары ӕдде вӕййы, фӕлӕ хӕтаг йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы.
Лӕппуйы монцтӕй хиз дӕхи. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Бардарӕгмӕ чи кувы, уыдонимӕ тырн рӕстӕй цӕрынмӕ, уырнындзинадмӕ, уарзт ӕмӕ фидыдмӕ.
Алчидӕр къайадӕн кӕнӕд аргъ ӕмӕ уӕ хуыссӕн уӕд сыгъдӕг. Хӕлд адӕмӕн ӕмӕ хӕзгултӕн Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, курын сымахӕй, ӕцӕгӕлон бӕсты рӕстӕгмӕ цӕрджытӕй: уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты коммӕ ма кӕсут — уыдон уӕ уды ныхмӕ тох кӕнынц.