Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 15:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый дурын мигӕнӕныл куы бандзӕва, уӕд ӕй асӕттын хъӕуы, хъӕдын дзаума куы уа, уӕд та йӕ хъӕуы ныхсын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 15:12
10 Iomraidhean Croise  

Де ’фсӕн лӕдзӕгӕй сӕ ӕрцӕвдзынӕ, дурынтау сӕ ныззыгуым кӕндзынӕ“».


адӕм арӕхдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым лӕгъстӕйӕ куры, сахары кулдуары раз райхъуысы йӕ ныхас:


Мӕ уайдзӕфтӕм мын уе ’ргом куы раздахиккат, уӕд уӕ ӕз схайджын кӕнин мӕ монӕй, мӕ ныхас уын фехъусын кӕнин.


Мӕ лӕппу, уыдӕттӕй дӕ цӕст ма ис, раст зондахаст ӕмӕ арфуынӕг зонд хъахъхъӕн.


Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый, йӕ къухтӕ нӕ цӕхсадта, афтӕмӕй кӕуыл бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Уыцы ссадӕй, оливӕйы соимӕ хӕрзызмӕст куыд уа, афтӕмӕй алгъацы лауаситӕ афыцӕнт, асӕстытӕ сӕ кӕнӕнт ӕмӕ сӕ басудзӕнт — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.


Дзидза цы дурын мигӕнӕны сфыца, уый хъӕудзӕн асӕттын. Кӕд ӕрхуы мигӕнӕны сфыца, уӕд та йӕ хъӕудзӕн ныххафын ӕмӕ донӕй ныхсын.


Мах зонӕм: нӕ зӕххон хӕдзар, ацы халагъуд, куы ныккӕла, уӕд нын уӕлӕрвты ис цӕрӕнуат — адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы мыггагмӕйы хӕдзар.


Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ кадджын Буары халдих.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan