7 Хъотырӕй чи сдзӕбӕх ис, ууыл уыцы тугӕй авд хатты бапырх кӕнӕд ӕмӕ йӕ адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Удӕгас маргъы та ауадзӕд.
Елисей йӕм йӕ лӕггадгӕнӕджы рарвыста ахӕм ныхӕстимӕ: «Иорданы доны авд хатты аныгъуыл фӕд-фӕдыл, ӕмӕ дӕ буар сног уыдзӕни, бынтондӕр ссыгъдӕг уыдзынӕ».
Уыйадыл Нееман ацыд Иорданы былгӕронмӕ. Хуыцауы уарзон адӕймаджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ дзы авд хатты куы нынныгъуылдис, уӕд йӕ буар сабийы буарау фестади, ссыгъдӕг ис бынтондӕр.
Едомаг Доег Саулмӕ кӕй бацыди ӕмӕ Давиды, Ахимелехы хӕдзары йӕ федтон, зӕгъгӕ, кӕй банымыгъта, уый фӕдыл.
Уый тыххӕй дӕ Хуыцау фесафдзӕни ӕнусмӕ, фелвасдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ фехсдзӕни дӕ цатырӕй, ӕд уидаг дӕ срӕдувдзӕни удӕгӕсты зӕххӕй.
Фӕлӕ Уый стыр дисы бафтаудзӕни бирӕ адӕмты. Паддзӕхтӕ багомыг уыдзысты Йӕ разы, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, цӕй тыххӕй сын никуыма загъдӕуыд, уый, бамбардзысты, цы никуыма фехъуыстой, уый».
Сыгъдӕг дон уыл бапырх кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕ ӕмӕ уе ’ппӕт гуымирытӕй.
Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа.
уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Йӕ буар иууылдӕр кӕмӕн сурс ис, уый сыгъдӕг у.
Сауджын ӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ, йӕ хъӕдгом сурс ис, зӕгъгӕ, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Уыцы адӕймаг сыгъдӕг у.
Уый фӕстӕ райсӕд кедры лыггаг, цӕвӕгхос, сырх гӕппӕл ӕмӕ удӕгас маргъы. Се ’ппӕты дӕр ӕргӕвст маргъы туджы стулӕд, суадоны донимӕ йӕ схӕццӕ кӕнӕд, афтӕмӕй ӕмӕ уыцы тугӕй хӕдзар авд хатты бапырх кӕнӕд.
Уый фӕстӕ галы тугӕй йе ’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ дзы Фидыды Чырыны сӕр скӕсӕнӕрдыгӕй иу хатт бапырх кӕнӕд, йӕ разы зӕхх та — авд хатты.
стӕй йе ’нгуылдзӕй нывондхӕссӕн авд хатты тугӕй бапырх кӕнӕд. Афтӕмӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнӕд израилӕгты тӕригъӕдтӕй ӕмӕ йӕ срухс кӕнӕд.
Цӕу израилӕгты фыдракӕндтӕ иууылдӕр ахӕсдзӕн ӕдзӕрӕг ранмӕ. Уым-иу ӕй ауадзӕд.
ӕмӕ дзы йе ’нгуылдзӕй авд хатты бапырх кӕнӕд мидӕмбӕрзӕны цур, Дунедарӕджы раз.
ӕмӕ дзы йе ’нгуылдзӕй Дунедарӕджы раз, Рухсмонуаты ӕмбӕрзӕны цур, авд хатты бапырх кӕнӕд.
Уый фӕстӕ сойӕ нывондхӕссӕн авд хатты бапырх кодта, байсӕрста йӕ йе ’ппӕт дзаумаимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ, цӕмӕй сӕ срухс кӕна.
Ныббардзӕн та нын, ссыгъдӕг нын кӕндзӕн нӕ тӕригъӕдтӕ, денджызы арфмӕ сӕ нывзилдзӕни.
Ӕртыккаг ӕмӕ ӕвдӕм бон хъуамӕ йӕхи ссыгъдӕг кӕна уыцы сыгъдонӕй, ӕмӕ уӕд сыгъдӕг уыдзӕн. Ӕртыккаг ӕмӕ ӕвдӕм бон йӕхи куынӕ ссыгъдӕг кӕна, уӕд та сыгъдӕг нӕ уыдзӕн.
Фӕлӕ Йын уӕддӕр ӕфсӕддонтӕй иу арцӕй Йӕ фарс барӕхуыста, ӕмӕ дзы уайтагъд туг ӕмӕ дон ракалди.
ӕмӕ уӕдӕ хӕстӕгдӕр бацӕуӕм уырдӕм ӕнувыд зӕрдӕ ӕмӕ фидар уырнындзинадимӕ — сыгъдӕггонд ӕрцыдысты хӕрамӕй нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сыгъдӕг донӕй ӕрӕхсадӕуыд нӕ буар.
Ног Фидыды Ӕхсӕнылӕг Йесомӕ ӕмӕ, мах чи ссыгъдӕг кодта, Йӕ уыцы Тугмӕ — Авелы тугӕй уыцы Туг хуыздӕрыл дзуры.
Чи фӕчъизи ис, уыдон кӕд сӕгътӕ ӕмӕ галты туг, стӕй нывонд дыгӕрдыджы ӕртхутӕг бапырх кӕныны руаджы ссыгъдӕг вӕййынц Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ,
Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдауы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр Моисей ӕппӕт адӕмӕн куы фехъусын кодта, уӕд райста родты ӕмӕ сӕгъты туг донимӕ, стӕй сырх къуымбил, иссоп, ӕмӕ дзы бапырх кодта Ӕгъдауы чиныгыл дӕр ӕмӕ адӕмыл дӕр.
Уыцы тугӕй бапырх кодта Уаз цатырыл дӕр, стӕй дзы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн цы дзаумӕттӕ уыдис, уыдоныл дӕр.
Афтӕ куы уыдаид, уӕд Ӕй дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ бирӕ хӕттыты бахъуыдаид хъизӕмар кӕнын. Фӕлӕ Уый ӕрцыд иу хатт, рӕстӕджы кӕронмӕ, тӕригъӕд фесафыны сӕраппонд Йӕхи нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.
Нӕ Фыд Хуыцау зыдта рагацау ӕмӕ уӕ срухс кодта Йӕ Удӕй, цӕмӕй Йесо Чырыстийӕн уат коммӕгӕс ӕмӕ ссыгъдӕг уат Йӕ Тугӕй. Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ӕмӕ фарнӕй ноджы фылдӕр хайджын цы уат, ахӕм арфӕ уӕ уӕд.
Уый у, дон ӕмӕ тугимӕ Чи ӕрцыд, уыцы Йесо Чырысти. Ӕрцыд ӕрмӕст донимӕ нӕ, фӕлӕ дон ӕмӕ тугимӕ. Ӕмӕ Сыгъдӕг Уд ӕвдисӕн лӕууы Уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Уд у ӕцӕгад.