52 Маргъы туг, суадоны дон, удӕгас маргъ, кедры лыггаг, цӕвӕгхос ӕмӕ сырх-сырхид гӕппӕлӕй хӕдзар ссыгъдӕг кӕнӕд,
уӕд, ссыгъдӕг кӕнын кӕй хъӕуы, уыцы адӕймаджы тыххӕй ӕрбахӕссын кӕнӕд дыууӕ удӕгас маргъы — сыгъдӕг мӕргътӕ, стӕй кедры лыггаг, сырх-сырхид гӕппӕл ӕмӕ цӕвӕгхос.
Уый фӕстӕ райсӕд кедры лыггаг, цӕвӕгхос, сырх гӕппӕл ӕмӕ удӕгас маргъы. Се ’ппӕты дӕр ӕргӕвст маргъы туджы стулӕд, суадоны донимӕ йӕ схӕццӕ кӕнӕд, афтӕмӕй ӕмӕ уыцы тугӕй хӕдзар авд хатты бапырх кӕнӕд.
удӕгас маргъы та фӕссахар ауадзӕд. Афтӕмӕй хӕдзар ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд хӕдзар уыдзӕни сыгъдӕг.