Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 14:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Мӕргътӕй иу, суадоны дон кӕм ис, ахӕм дурын мигӕнӕны сӕрмӕ аргӕвдын кӕнӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 14:5
8 Iomraidhean Croise  

уӕд, ссыгъдӕг кӕнын кӕй хъӕуы, уыцы адӕймаджы тыххӕй ӕрбахӕссын кӕнӕд дыууӕ удӕгас маргъы — сыгъдӕг мӕргътӕ, стӕй кедры лыггаг, сырх-сырхид гӕппӕл ӕмӕ цӕвӕгхос.


Мӕргътӕй иуы, суадоны дон кӕм ис, ахӕм дурын мигӕнӕны сӕрмӕ аргӕвдӕд.


Удӕгас маргъы та райсӕд ӕмӕ йӕ кедры лыггаг, сырх гӕппӕл ӕмӕ цӕвӕгхосимӕ, доны сӕрмӕ кӕй аргӕвстой, уыцы маргъы туджы стулӕд.


Ӕркӕнӕд аргъуыд дон дурын мигӕнӕны, Уаз Цӕрӕны астӕрдӕй сыджыт фелвасӕд ӕмӕ йӕ уыцы доны ныппарӕд.


Кӕд Ӕй ӕдыхӕй байтыгъдӕуыд, уӕддӕр цӕры Хуыцауы хъаруйӕ. Чырысти куыд ӕдых уыди, мах дӕр афтӕ ӕдых стӕм, фӕлӕ, Хуыцауы хъаруйӕ, Йемӕ сӕрӕгас уыдзыстӕм.


Фӕлӕ уыцы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй конд мигӕнӕнты — нӕ буӕртты, цӕмӕй бӕлвырд уа: ахӕм ӕгӕрон тых нӕхицӕй нӕу, Хуыцау ӕй дӕтты.


Мах зонӕм: нӕ зӕххон хӕдзар, ацы халагъуд, куы ныккӕла, уӕд нын уӕлӕрвты ис цӕрӕнуат — адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы мыггагмӕйы хӕдзар.


Ӕмӕ, хъӕбултӕ буар ӕмӕ тугӕй конд кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Чырысти дӕр сси уыдоны халдих, цӕмӕй Йӕ мӕлӕты фӕрцы мӕлӕты ӕлдары — хӕйрӕджы — ӕнӕхай фӕкӕна йӕ хъаруйӕ


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan