Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 14:48 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

48 Фӕлӕ сауджын, сӕ байсӕрдыны фӕстӕ хӕдзары къултӕ нал схъуына сты, уый куы фена, уӕд уыцы хӕдзар адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл, уымӕн ӕмӕ йыл хъуына нал ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 14:48
10 Iomraidhean Croise  

Уый цӕвгӕ дӕр Йӕхӕдӕг ныккӕны, ӕмӕ цӕфтӕ дӕр Йӕхӕдӕг бабӕтты, ныццӕвӕг дӕр ӕмӕ сдзӕбӕхгӕнӕг дӕр Уый Йӕхӕдӕг у.


Хъизӕмар куы кӕной, уӕд Мӕ сӕумӕйӕ агурдзысты: «Цомут, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм — Уый ныл низ бафтыдта, ӕмӕ нӕ Уый Йӕхӕдӕг сӕнӕниз скӕндзӕни, Уый нӕ ӕрцавта, ӕмӕ нын нӕ хъӕдгӕмттӕм дӕр Уый базилдзӕн.


сауджын рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ рацӕуӕд ӕмӕ йӕм ӕркӕсӕд. Рынчын йӕ низӕй сдзӕбӕх ис, уый куы фена,


Дуртӕ куы ракалой ӕмӕ хӕдзары къултӕ куы ныххафой, ногӕй сӕ куы байсӕрдой ӕмӕ та сыл уый фӕстӕ хъуына куы схӕца,


Уыцы хӕдзары чи бахсӕвиуат кӕна, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд. Ахӕм хӕдзары чи бахӕра, уый дӕр-иу ныхсӕд йӕ дарӕс.


Хӕдзар ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй райсӕд дыууӕ маргъы, стӕй кедры лыггаг, сырх-сырхид гӕппӕл ӕмӕ цӕвӕгхос.


Туг уайтагъд йӕ цӕуынӕй банцад, ӕмӕ сылгоймаг банкъардта, йӕ низӕй кӕй фервӕзти, уый.


Уӕд ын Йесо загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ ӕмӕ ӕнӕниз у».


Уӕдмӕ Йесо бирӕ адӕмы фервӕзын кодта алыхуызон низтӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕй, бирӕ куырмыты цӕстӕй ракӕсын кодта.


Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan