46 Хӕдзармӕ йе ’хгӕды бонты чи бацӕуа, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕй дзӕмбытӕ кӕуыл ис, уыдон иууылдӕр ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Ахӕм цӕрӕгойы мард йӕ къухмӕ чи сиса, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс, йӕхӕдӕг та изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Ахӕм цӕрӕгойтӕ ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн.
Ацы хилӕгойтӕ ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Ахӕм цӕрӕгойы мард цӕуылдӕриддӕр ӕрхауа, уый фӕчъизи уыдзӕн — хъӕдӕй конд уа, хъуымацӕй, цармӕй ӕви кӕттагӕй — цавӕрфӕнды кусӕн дзаума уӕд. Доны йӕ ныхсын хъӕудзӕн. Уыцы дзаума изӕрмӕ баззайдзӕн ӕнӕсыгъдӕгӕй, уый фӕстӕ та ногӕй ссыгъдӕг уыдзӕн.
Хӕрын уын цы цӕрӕгойы фыд ӕмбӕлы, ахӕм ныххӕдмӕл ис, зӕгъгӕ, уӕд, чи йыл бандзӕва, уый ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн изӕрмӕ.
Йӕ дзидзайӕ йын чи фӕхъӕстӕ уа, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Уыцы цӕрӕгойы мард йӕ къухмӕ чи сиса, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг.
Уыцы хӕдзары чи бахсӕвиуат кӕна, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд. Ахӕм хӕдзары чи бахӕра, уый дӕр-иу ныхсӕд йӕ дарӕс.
Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уымӕн йӕ быны цы уыд, ахӕм истӕуыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Йӕ къухмӕ йӕ чи сиса, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Хӕдмӕл фосы кӕнӕ, сырдтӕ кӕй ныттоной, уымӕн йӕ фыд чидӕриддӕр бахӕра — израилаг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг — йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, уый фӕстӕ ссыгъдӕг уыдзӕн.
— уыдӕттӕй истӕуыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Цалынмӕ йӕхи нӕ цынайа, уӕдмӕ йын кувинӕгтӕй хӕрыны бар нӕй.