42 Уый фӕстӕ, кӕй ракалдтой, уыцы дурты бӕсты бавӕрӕнт ӕндӕр дуртӕ ӕмӕ хӕдзары къултӕ ногӕй байсӕрдӕнт.
Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».
Мӕ фыр рыстӕй ӕз царм ӕмӕ стджытӕ фестадтӕн,
Хӕдзары къултӕ мидӕджырдыгӕй иууылдӕр хъӕуы ныххафын, сӕ хафӕнтӕ та фӕссахар ӕнӕсыгъдӕг бынаты акалын.
Дуртӕ куы ракалой ӕмӕ хӕдзары къултӕ куы ныххафой, ногӕй сӕ куы байсӕрдой ӕмӕ та сыл уый фӕстӕ хъуына куы схӕца,
Ӕмӕ, бирӕ ӕвдисӕнты раз мӕнӕй цы фехъуыстай, уый ды та фӕхӕццӕ кӕн, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл ис, иннӕты дӕр сахуыр кӕнынмӕ чи сарӕхсдзӕн, ахӕмтӕм.
Кӕд ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын, уӕд та абон уӕхицӕн равзарут, кӕмӕн лӕггадгӕнинаг стут, уыдоны. Уӕ фыдӕлтӕ доны фале кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн уӕ ӕрфӕндыди лӕггад кӕнын? Уӕ бар — уӕхи. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзар лӕггад кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн».