Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 14:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 уӕд, ссыгъдӕг кӕнын кӕй хъӕуы, уыцы адӕймаджы тыххӕй ӕрбахӕссын кӕнӕд дыууӕ удӕгас маргъы — сыгъдӕг мӕргътӕ, стӕй кедры лыггаг, сырх-сырхид гӕппӕл ӕмӕ цӕвӕгхос.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 14:4
11 Iomraidhean Croise  

Уый тыххӕй дӕ Хуыцау фесафдзӕни ӕнусмӕ, фелвасдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ фехсдзӕни дӕ цатырӕй, ӕд уидаг дӕ срӕдувдзӕни удӕгӕсты зӕххӕй.


Стӕй-иу райсут иссопы баст, стулут ӕй, мигӕнӕны цы туг уа, уым ӕмӕ дзы бапырх кӕнут уӕлкъӕсӕр ӕмӕ дуары дыууӕ тарвазы. Райсоммӕ уӕ йӕ къӕсӕрӕй ӕддӕмӕ мачи рахизӕд.


Исчи Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн маргъ куы хӕсса, уӕд равзарӕд ӕхсинӕг кӕнӕ бӕдул бӕлон.


Кӕд сылгоймагӕн нывондӕн фыргуист ӕрхӕссын йӕ къух нӕ амона, уӕд райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — иууылсудзинаг нывондӕн, иннӕ та — тӕригъӕды нывондӕн. Сауджын ын йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзӕн».


Мӕргътӕй иу, суадоны дон кӕм ис, ахӕм дурын мигӕнӕны сӕрмӕ аргӕвдын кӕнӕд.


Удӕгас маргъы та райсӕд ӕмӕ йӕ кедры лыггаг, сырх гӕппӕл ӕмӕ цӕвӕгхосимӕ, доны сӕрмӕ кӕй аргӕвстой, уыцы маргъы туджы стулӕд.


Кӕд йӕ къух нӕ амона нывондӕн фыс ӕрхӕссын, уӕд та йӕ тӕригъӕды тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбахӕссӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн.


Сыгъдӕг чи у, ахӕм исчи райсӕд иссоп, уыцы доны йӕ атулӕд ӕмӕ дзы бапырх кӕнӕд цатырыл, ӕппӕт мигӕнӕнтыл ӕмӕ, уым чи уыди, уыдоныл, йе та стӕгдарыл, искӕй къухӕй мардыл, йӕхи ’гъдауӕй амӕлӕгыл, кӕнӕ ингӕныл чи андзӕвыд, уыцы адӕймагыл.


Райсӕд сауджын кедр бӕласы лыггаг, цӕвӕгхос ӕмӕ сырх-сырхид хъуымацы гӕппӕл ӕмӕ сӕ, дыгӕрдыг цы арты судзы, уырдӕм баппарӕд.


Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдауы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр Моисей ӕппӕт адӕмӕн куы фехъусын кодта, уӕд райста родты ӕмӕ сӕгъты туг донимӕ, стӕй сырх къуымбил, иссоп, ӕмӕ дзы бапырх кодта Ӕгъдауы чиныгыл дӕр ӕмӕ адӕмыл дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan