Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 14:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 «Сымах, кӕй уын дӕттын, уыцы Ханааны зӕхмӕ куы бацӕуат, ӕмӕ уыцы ран Ӕз искӕцы хӕдзарыл хъуына куы бафтауон,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 14:34
28 Iomraidhean Croise  

фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.


Цу ӕмӕ ӕрзил, цы зӕхх дын дӕттын, ууыл, йӕ дӕргъ ӕмӕ йын йӕ уӕрх фен».


Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн, ныр ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх, Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн уыдзынӕн сӕ Хуыцау».


Загъта сын: «Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы хъусат ӕмӕ, Йӕ разы раст цы у, уый куы кӕнат, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын уӕ зӕрдыл куы дарат ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд, мысырӕгтыл цы низтӕ бафтыдтон, уыдонӕй уӕ никӕцыйы амӕттаг бакӕндзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн — уӕ Хосгӕнӕг».


Дунедарӕджы ’лгъыст ӕнӕхуыцауы хӕдзарыл сӕмбӕлы, рӕстуды хӕдзарыл та ӕруадзы Йӕ арфӕ.


Ӕз фӕлдисын рухс дӕр ӕмӕ тар дӕр. Фарн дӕр ӕмӕ фыдбылыз дӕр Мӕнӕй рацӕуынц. Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт уыдӕттӕ Чи аразы, Уый.


Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн:


дарӕс ӕмӕ хӕдзары хъуынайӕн, тӕппӕлттӕ, цъутхӕлттӕ ӕмӕ урс стъӕлфытӕн,


Сымахӕн та загътон: „Сӕ зӕхх сын уӕхи бакӕндзыстут. Ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъарынц, уыцы зӕхх уын исбонӕн ратдзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, иннӕ адӕмтӕй уӕ Чи фӕхицӕн кодта, Уый.


кӕй уын дӕттын, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат ӕмӕ уым уӕ хуымтӕ куы ӕркӕрдат, уӕд-иу уӕ хоры фыццаг куырис ӕрбахӕссут сауджынмӕ.


кӕй уын дӕттын, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат, уӕд-иу алы ӕвдӕм аз дӕр уыцы зӕххыл мацы кусут, уымӕн ӕмӕ уый Дунедарӕджы сабат у.


Сахары сыкъауадындзы уасын куы райхъуыса, уӕд адӕм нӕ фӕтӕрсдзысты? Дунедарӕг бар куынӕ радта, уӕд сахары фыдбылыз ӕрцӕудзӕн?


Дунедарӕг бардзырд ратдзӕн, ӕмӕ галуантӕ хӕлддзӕгтӕ фестдзысты, хӕдзӕрттӕ ныккӕлдзысты.


Дунедарӕджы хъӕлӕс сиды сахармӕ (куырыхон зонды нысан — тас Дӕ номы раз): хъусут лӕдзӕгмӕ, стӕй, Чи йӕ сӕвӕрдта, Уымӕ.


Уыцы ӕлгъыст Мӕнӕй рацыд, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — ӕмӕ алы давӕджы, стӕй, Мӕ номӕй мӕнг сомы чидӕриддӕр ракӕны, уымӕн йӕ хӕдзармӕ уыцы ӕлгъыст бацӕудзӕн ӕмӕ йӕ ныззыгуым кӕндзӕн, дур ӕмӕ дзы фӕйнӕг нал баззайдзӕн».


ӕмӕ бӕстӕ нӕ басӕтта, уӕдмӕ тох кӕнат, уӕд, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхгӕйӕ, ӕназым уыдзыстут Дунедарӕг ӕмӕ Израилы раз, ӕмӕ ацы бӕстӕ сымахӕн баззайдзӕн.


Мах гӕрзифтонгӕй Дунедарӕджы раз ацӕудзыстӕм Ханааны бӕстӕм, ӕмӕ нын Иорданӕн йӕ ацы фарс хай уӕд».


«Фӕдзур израилӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъ: Иорданыл куы ахизат Ханааны бӕстӕм,


Мӕнӕ сты, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым цӕргӕбонты бӕстон кӕй хъуамӕ ’ххӕст кӕнат, уыцы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй зӕхх дӕтты, уыцы адӕмты куы ныццӕгъда ӕмӕ йӕ сымах уӕхи куы бакӕнат, сӕ сахартӕ ӕмӕ сын сӕ хӕдзӕртты куы ӕрбынӕттон уат,


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат, уӕхи йӕ куы бакӕнат ӕмӕ дзы куы ’рбынӕттон уат,


Фаллаг фарсмӕ куы бахизат, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхмӕ бацӕуыны охыл, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ, уӕд-иу сыл ацы Ӕгъдауы ныхӕстӕ иууылдӕр ныффыссут.


«Аваримы хӕхтӕм фӕцу. Моавы, Йерихоны бакомкоммӕ, цы хох ис — Нево, уырдӕм ссу ӕмӕ Ханааныл, израилӕгтӕн кӕй хай кӕнын, уыцы бӕстыл дӕ цӕст ахӕсс.


Бахиздзӕн уӕ Дунедарӕг алы низӕй, Мысыры уе ’нӕзонгӕ чи нӕ уыд, ӕппӕт уыцы низтӕ сымахыл нӕ, фӕлӕ уӕ чи нӕ уарзы, уыдоныл бафтаудзӕн.


Йешуа тынг базӕронд ис. Дунедарӕг ын загъта: «Бынтондӕр базӕронд дӕ, афтӕмӕй уын нырма бацахсинаг зӕххытӕ дзӕвгар баззад.


Дунедарӕг амары ӕмӕ райгас кӕны, Мӕрдтыбӕстӕм барвиты ӕмӕ фӕстӕмӕ ракӕны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan